04 марта 2021, 11:52
Сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны арæзт æрцыд республикон турнир шахмæттæй
Лæппутæн æмæ чызджытæн фадат уыд сæхи алы фæлтæрæнты бафæлварынæн
Хъæбæлоты Билары номыл сывæллæтты сфæлдыстады Галуаны арæзт æрцыд республикон турнир шахмæттæй. Конкурсы архайдтой 1-æмæй-5-æм къласы онг ахуырдзаутæ стæй, республикæйы районты æмæ Дзæуджыхъæуы æвзарæн къæпхæнтæ чи ацыди, ахæм рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ. Блиц-турнир, шахматты хæслæвæрдтæ æххæст кæнын, брейн-ринг, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, стæй уыцы-иу рæстæг цалдæр партийы сеанс. Лæппутæн æмæ чызджытæн фадат уыд сæхи алы фæлтæрæнты бафæлварынæн. Финалон фембæлдтыты архайдтой 17 командæйы. Шахмæтты фестиваль арæзт æрцыд, национ проект «Ахуырад»-ы федералон проект «Успех каждого ребенка» æххæст кæнгæйæ.
темæмæ гæсгæ




