филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:36 воскресенье, 19 мая 2024
27 апреля 2022, 10:34
Сывæллæтты сфæлдыстады центры 85 азы юбилейы кадæн Мæздæджы районы культурæйы галуаны арæзт æрцыди стыр бæрæгбон

Ацы куыстуат Мæздæджы бирæ фæлтæртæ зонынц куыд ногдзауты галуан

Сывæллæтты сфæлдыстады центры 85 азы юбилейы кадæн Мæздæджы районы культурæйы галуаны арæзт æрцыди стыр бæрæгбон. Ацы куыстуат Мæздæджы бирæ фæлтæртæ зонынц куыд ногдзауты галуан. Сси бирæ курдиатджын фæсивæды æрмадз. Ардыгæй рацыди, абон зындгонд чи сты, ахæм зарæггæнджытæ, кафджытæ, нывгæнджытæ æмæ æндæртæ. Центры кусджытæ сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнынц аивадмæ æмæ сфæлдыстадмæ уарзондзинад. Абон сывæллæтты сфæлдыстады центры ис бирæ къордтæ, цæуынц сæм Мæздæджы районæй  2 мин сывæллонæй фылдæр. Бæрæгбоны кадджын уазджытæ уыдысты педагогон фæллойы ветерантæ æмæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусджытæ. Центры хъомылгæнинæгтæ бацæттæ кодтой бæрæгбоны концерт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania