Сценæйы баиу сты актертæ æмæ куклатæ
Сывæллæтты театр «Саби»-йы уыд, Гоголы уацмысмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Шинель»-ы премьерæ. Сценæйы баиу сты актертæ æмæ куклатæ. Труппæ равдыста йæ цæстæнгас аивадуарзджытæн мæгуыр уынаффæгæнæджы тыххæй зындгонд истори. «Шинель» æвæрд æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон проект «Чысыл Райгуырæн зæххы культурæ»-йы финансон æххуысæй. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Фыццаг секундтæй аивадуарзджытæ æнкъарынц 19-æм æнусы астæуккаг азты Петербурджы атмосферæ. Декорацитæ, рухс æмæ ма суанг хъайтарты сурæттæ дæр сты манифест. Бæлвырд дзы бæрæг дары «социалон æнæмсарады» фарста. Уæды рæстæджы литературæйы ацы темæйыл арæх фыстой. Николай Гоголы «Шинель» сывæллæтты театры сценæмæ рахаста режиссер Багъраты Иринæ.
Акакий Акакиевич у чысыл бæрнон кусæг. Тæригъæддаг æмæ йæ хъысмæтимæ разы чи у, ахæм адæймаг. Фæлæ йын лæмбынæг театрдзау уыны йæ арф миддуне, æмæ йæ зæрдæхæлардзинад иннæ миниуджытæй уæлдæр кæй у, уый. Йæ алыварс чи ис, уыдон та йæ нымайынц лæмæгъдзинадыл. Сæйраг хъайтар у куклайы хуызы. Ахæм уыд режиссеры æмæ нывгæнæджы иумæйаг цæстæнгас. Ирина Кулкина Башмачкины скодта папье-машейæ.
Спектакль тыхджындæр кæны музыкæйæ. Номдзыд Шниткейы экспресси цыма Гоголы уацмысæн фыст уыд, афтæ кæсы. Актертæ та йын ирдæй равдыстой йæ драматурги. Уыдонæн аргъæуттæй классикæмæ рахизын уыд фæлварæны хуызæн.
Скъолайы классикæ театры сценæйы фыццаг хатт не вæрынц. «Шинель» у, 12 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн спектакль.
«Шинель» æвæрд æрцыд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон проект «Чысыл Райгуырæн зæххы культурæ»-йы финансон æххуысæй. Премьерæ равдыста, спектакль аивадуарзджыты зæрдæмæ кæй фæцыд, уый.




