филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:28 суббота, 21 сентября 2024
24 сентября 2014, 11:16
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры ногæй кусын райдыдтой сывæллæттæн курсытæ

Хонынц сæм курдиатджын лæппуты æмæ чызджыты, сценæ йæхимæ кæй æлвасы, ахæмты. Семæ та кусынц фæлтæрдджын артисттæ. Ахуыртæ фæцæуынц ирон æвзагыл.

74436
Актеры дæсныйад национ æрмдзæфимæ. Хонынц сæм курдиатджын лæппуты æмæ чызджыты, сценæ йæхимæ кæй æлвасы, ахæмты. Семæ та кусынц фæлтæрдджын артисттæ. Ахуыртæ фæцæуынц ирон æвзагыл. Уымæ гæсгæ рæзгæ фæсивæд ахуыр кæнынц сценикон дæсныйадыл æмæ сын уарзын кæнынц мадæлон æвзаг дæр.
«Уырны мæ», афтæ загътаид зындгонд режиссер Станиславский. Ацы сценарий фæцыд кæстæр фæлтæры зæрдæмæ дæр æмæ систой тыхджын къуыхæмдзæгъд. Каскадер æмæ сценикон архайды ахуыргæнæг Хъæцмæзты Лазарь зæгъы, – Се ппæт сывæллæттæ дæсны актертæ не суыдзысты, фæлæ дзы алчидæр йæхицæн хорз фæлтæрдзинад райсдзæн царды.
Хъæцмæзты Лазарь, РЦИ-Аланийы адæмон артист: «Адон уыдзысты театры хъæбултæ, фидæн сын ис рæсугъд фидæн. Чи йæ цард бабæтдзæн аивадимæ, чи мæхуызæн сценæйы æвæрдзæн хæстытæ. Фæлæ фыццаджы дæр сæ уд уыдзæн сыгъдæг, сæ буар рæсугъд, сæ зонд уыдзæн аив».
Черчесты Дианæ, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ: «Мах абон райстам сеппæт сывæллæтты дæр, кæцытæ æрбацыыдсты ардæм, æмæ дарддæр куысты мидæг сæхæдæг сæхи рабæрæг кæндзысты, чи сæ цас курдиатджын дæр у, кæй дзы фæнды кусын йæхиуыл. Кæй фæнды йæ фидæн аивадимæ бабæттын. Уыдон рабæрæг вæййынц».
Бекмæрзты Æхсар, Тлаттаты Бексолтан æмæ Тæбæхсæуты Бало дæр кæддæр сæ фыццаг актерон къахдзæфтæ ирон театры студийæ райдыдтой. Абоны æрыгон актертæ дæр æххæст кæнынц, цы традицитæ ныффидар сты, уыдон.
Гуыбиаты Хъазыбег, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театры аивадон разамонæг. РЦИ-Аланийы театралон архайджыты цæдисы сæрдар: «Тынг æхсызгон мын у мæнæ студимее æрбацæуынц канд ирон фæсивæд нæ, фæлæ æндæр нациты минæвæрттæ. Фæнды сæ ирон æвзаг. Ирон культурæ æмæ традицитæ базонын. Цæмæн? Уымæн æмæ цæрынц ирон зæххыл».
Театралон студийы архайгæйæ сывæллæттæм сæвзæры бирæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Бирæты дзы фæнды йæ цард ацы дæсныйадимæ сбæттын.
Агънаты Иринæ: «Тынг хоз ахуыргæнджытæ нын ис, мæ зæрдæмæ цæуынц, æмæ цинимæ цæудзынæн ардæм, цæмæй фылдæр базонон, уыцы профессимæ цы хауы, уымæй».
Ацы студи хорз фæрæз у, ирон æвзаг хуыздæр базонынæн, уымæй уæлдай сæ ам ахуыр кæндзысты раст æмæ аив дзурыныл, зарыныл, кафыныл. Сæ курдиатджындæртæ архайдзысты ирон театры спектакльты.
Моргуаты Ладæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania