филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:27 воскресенье, 14 декабря 2025
10 февраля 2014, 11:21
Тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азы куыстæн

Хæс чи дардта, уыдонæй дыууæ миллиарды æмæ фондзсæдæ сомы бæрц райстой тæрхондæтты пъырыстыфтæ 2013-æм азы. Уый æндæразимæ абаргæйæ у миллирд æмæ 500 милуаны фылдæр.

Тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азы куыстæн
Хæс чи дардта, уыдонæй дыууæ миллиарды æмæ фондзсæдæ сомы бæрц райстой тæрхондæтты пъырыстыфтæ 2013-æм азы. Уый æндæразимæ абаргæйæ у миллирд æмæ 500 милуаны фылдæр. Тæрхондæтты пъырыстыфты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы скодтой хатдзæгтæ ивгъуыд азы куыстæн. Коллегимæ æрбахуыдтой республикæйы разамынды, тæрхондæтты æмæ ведомствæты минæвæртты. Пъырыстыфтæ радзырдтой, 2013-æм аз управленийæн уæззау, фæлæ ахадгæ кæй уыдис, уый. Æрæмбырд кодтой, алименттæй æмæ мыздæй, стæй артаджы æмæ энергетикон комплексы организацитæй æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарадтæй цы хæстæ дарынц, уыдон. Ведомствæйы разамонæг Гæцойты Светланæ куыд загъта, афтæмæй тæрхондæтты акттæ æххæст кæныны хъуыддаджы пайда кæнынц информацион технологитæй, фылдæр æргом здахынц службæйы кусджыты зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ. Хатдзæгтæгæнæн æмбырды схорзæхджын кодтой, фарон йæ къухы стыр æнтыстдзинæдтæ кæмæн бафтыд, уыцы кусджыты. Тæрхондæтты пъырыстыфты хæрзиуджытæ ма райстой Парламенты сæрдары фыццаг хæдивæг Къесаты Станислав æмæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania