11 июля 2023, 11:36
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр ног сезоны равдисдзæнис Войничы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Овод»
Театры телеграм-канал куыд хъусын кæны, афтæмæй сæрмагондæй æрбахуыдтой, Вахтанговы музей-хæдзары концерт чи сæвæрдта, уыцы режиссер Эльдар Трамовы
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр ног сезоны равдисдзæнис Войничы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Овод». Театры телеграм-канал куыд хъусын кæны, афтæмæй сæрмагондæй æрбахуыдтой, Вахтанговы музей-хæдзары концерт чи сæвæрдта, уыцы режиссер Эльдар Трамовы. Театры уымæй уæлдай кусынц спектакльтæ «Мæ зæрдæмæ ныккæс, Сау лæппу», стæй Ильф æмæ Петровы романмæ гæсгæ равдыст «12 стульев». Бацæттæ сæ кæндзысты режиссертæ Сабанты Тамерлан, Цариты Валерий æмæ Мурат Калов.
темæмæ гæсгæ




