филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:29 воскресенье, 01 февраля 2026
06 июня 2023, 11:36
Тæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй»

Мадзалы программæ у тынг цымыдисаг: ахуырадон тренингтæ, стæй зындгонд адæмимæ фембæлдтытæ

Тæмисчъы цæуы 5-æм æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй». Мадзалы программæ у тынг цымыдисаг: ахуырадон тренингтæ, стæй зындгонд адæмимæ фембæлдтытæ. Архайджытæ кусынц, конкурсты архайынæн цы проекттæ хъæуы, уыдоныл. Форумы сæйраг хæстæй иу у – се нæниздзинад хъыгдард цы адæмæн у, уыдонæн баххуыс кæнын æмæ сæ фæцудын ма бауадзын. Форумы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Александр Соломенниккы хонынц уырыссаг Ник Вуйчич, уымæн æмæ ацы лæппу дæр райгуырд уыцы низимæ. Александрæн нæй къухтæ æмæ къæхтæ, фæлæ уæддæр зындзинæдтæм кæсы мидбылхудтимæ. Лæппу у цардуарзаг адæймаджы æвдисæн. Фæхуыдтой йæ форум «Æнæ арæнтæй»-мæ. Ирыстоны ис фыццаг хатт. Александры фæнды зарын. Ныййарæджы уарзондзинадæй нæ фæхай, фæлæ йæ фæндыд зарæг акæнын мады тыххæй. Йæ фæлмæн зæрдæйы руаджы ивы канд йæхи цард нæ, фæлæ ма иннæ адæмты цард дæр.

Америкæ, Канадæ, Германи, Израиль æмæ Кубæ. Ацы бæстæты зонынц Реуазты Батразы куыстытæ. Аразы кæрдтæ. Æвирхъау цауы фæстæ къахæй нал цæуы, фæлæ йæ ныфс нæ асаст. Ссардта йæ зæрдæйæн уарзон куыст. Æмæ уыцы куыст кæны 8 азы дæргъы. Йæ коллекцийы хай аласта Тæмискъмæ, цæмæй йæ уазджытæн равдиса, уый тыххæй.

Кæрдтæ сты алыхуызон. Алкæмæн дæр ис йæхи нысаниуæг. Фæлæ сын ис, иу сæ цы кæны, уый дæр – лæмбынæг архайын дзы кæй хъæуы, уый. Уымæн æмæ сты тынг цыргъ. Мастер куыд зæгъы, афтæмæй алы кард дæр йæ хицауы йæхæдæг ссары.

Ссарын ног æмбæлттæ æмæ радзурын дæ царды истори. Форумы архайынц хуыйджытæ, спортсментæ, зарæггæнджытæ æмæ афтæ дарддæр. Форум 2Æнæ арæнтæй» аразынц 5-æм аз. Архайынц дзы, Уæрæсейы æппæт горæттæй 300 адæймаджы. Ацы хатт дæр æй, традицимæ гæсгæ сарæзтой Тæмисчъы.

Форумы алы архайæг дæр вдисы йæ дæсныйад. Царды йын тых цы куыст дæтты, уый. Къуыримæ архайджытæм æнхъæлмæ кæсынц бизнес тренингтæ, стæй ахуырадон лекцитæ. Зындгонд культурæйы кусджытæ, политиктæ æмæ спортсментæ сын дзурдзырсты сæ царды историтæ. Ис ма сын стартап, кæнæ грантон проект саразыны фадат дæр. Уæдæ фонд саразджытæ æркастысты архайджытæн куыстуæттæ ссарыны фарстамæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania