филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:21 суббота, 28 сентября 2024
19 ноября 2021, 10:16
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дарддæр цæуынц туаггуыры системæ рацаразыны куыстытæ

Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов

Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дарддæр цæуынц туаггуыры системæ рацаразыны куыстытæ. Сывæллæтты хсæн та ковидæй рынчынты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Ныртæккæ рæуджытæ кусынгæнæн аппаратыл иу сывæллон дæр нæй. Уый тыххæй йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутов. Журналисттæ йæм лæвæрдтой алыхуызон фæрстытæ. Се хсæн – сæкæрнизæй рынчын адæмы хъысмæт, æмæ æндæртæ. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Ацы азы кæронмæ туаггуыры системæ рацаразыны куыст, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны хъуамæ кæронмæ конд æрцæуа. Æмæ уæд медицинон куыстуат раздæхдзæн йе рвылбоны куысты фæткмæ, коронавирусæй рынчын пациенттимæ. Ахæм хъуыды йæ пресс-конференцийы фехъусын кодта Хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутов. Хъуыддагмæ бæстон кæсы республикæйы сæргълæууæг. Монтаж ныридæгæн цæуы, æмæ бæстон бæрæггæнæн куысты фæстæ системæ скусын кæндзысты.

Вице-премьер радзырдта, туаггуыр палатæтæм куыд хæццæ кæны, уый тыххæй дæр.

Социалон хызты цалдæр хатты равæрдтой, рынчынты хъæстытимæ хуызистытæ æмæ видеоæрмæг. Афтæмæй рауайы дызæрдыггаг уавæр – туаггуыр ис, фæлæ пациенттæм, куыд æмбæлы, афтæ нæ хæццæ кæны. Медицицнон кусджытæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ туаггуыр дæттæг кусæнгæрзтæ саразынц сæхи къухтæй. Александр Реутов бафиппайдта, уыцы бæрнон хæс æвæрд ис алы рынчындоныл дæр.

Пресс-конференцийы ма дзырдтой пациенттимæ æмархайдыл. Уый дæр тынг ахсджиаг у, уымæн æмæ хатгай уæззау рынчынтæн сæ бон сæ хиуæтты дзæнгæрджытæн дзуапп раттын нæ вæййы. Сæ уавæры тыххæй та сын куыд базондзысты?

Раздæрау, низы ныхмæ æппæтæй хуыздæр гæнæн у прививкæ скæнын. Александр Реутовы хъуыдымæ гæсгæ уæззау рынчынтæн сæ фылдæр вакцинаци нæ ацыдысты. Фембæлды ма ныхас цыд сæкæрнизæй рынчын адæмыл дæр. Уæлдай æргом аздæхтой сывæллæттæм. Хъуамæ сын глюкозæйы æмвæзад æнæрлæугæйæ бæрæггæнæн системæ дæттой лæвар. Вице-премьер загъта, ацы фарста кæй сæвæрдзысты хицауады раз, æмæ бацархайдзысты хъуыддаг 2022-æм азы алыг кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania