филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:14 вторник, 20 мая 2025
04 февраля 2025, 12:18
Тахъазты Фидарыл æххæст кæны 65 азы

Æфсæрмдзаст абоны ахуыргонд, зноны Лескейнаг лæппу Тахъазты Фидар йæ царды хабæрттæ адæмы размæ хæссын нæ уарзы

Ирон æвзаджы хæзнадон фæхъæздыгдæр кæныныл чи кусы, уыдонæй иу у зындгонд ахуыргонд, ирон æвзаджы æнувыд иртасæг, бирæ зонадон куыстыты автор Тахъазты Мæхæмæты фырт Фидар. Абон ыл æххæст кæны 65 азы. Æфсæрмдзаст абоны ахуыргонд, зноны Лескейнаг лæппу Тахъазты Фидар йæ царды хабæрттæ адæмы размæ хæссын нæ уарзы. Куыд зæгъы, афтæмæй уыдон никæй хъæуынц. Цы куыстытыл архайы, уыдон та кæны зæрдиагæй, æмæ йæ фæнды  фæлтæртæн хъæугæ æрмæг ныууадзын. Фидар Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртæстыты институты кусгæйæ, архайы йæ алы куыст дæр биноныг æмæ пайдайаг куыд уа æхсæнадæн, афтæ кæныныл. Йæ хæдахуыргæнæн чиныджы фæрцы  ирон æвзаг æппындæр чи нæ зоны, уыдоны бон дæр у, æрмæст уый фæрцы зонындзинæдтæ райсын. Ис дзы хицæндзинæдтæ лексикæйæ, фразеологийæ, йæ грамматикон  æрмæг у æнцон æмбарæн. Тахъазты Фидар у фыццаг дыгурон дзырдуаты æмæ  бирæ наукон куыстытæ автор. Йæ тæлмацы фæрцы та Хъуыран дæр  бакæсæн ис дыгуронау. Тахъазты Фидары хуызæн, мадæлон æвзагмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, ахæм адæмы нымæц фылдæр куы кæна, уæд не взаджы фидæн уыдзæн бæллиццагдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania