Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ЮНЕСКО-йы залы абон кад кæндзысты филологон наукæты доктор, университеты ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады кафедрæйы сæргълæууæг Тахъазты Харумæн. Сæххæст ыл 80 азы. Мадæлон æвзаджы рæзтæн Харум кæны удуæлдай лæггад.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты
ЮНЕСКО-йы залы абон кад кæндзысты филологон наукæты доктор, университеты
ирон æмæ ирайнаг æвзагзонынады
кафедрæйы сæргълæууæг Тахъазты Харумæн. Сæххæст ыл 80 азы. Мадæлон
æвзаджы рæзтæн Харум кæны удуæлдай лæггад. Йæ зонды фарнæй кæй фæхайджын
кодта, уыцы фæлтæртæ кусынц нæ республикæйы скъолаты æмæ институтты.
Зындгонд ахуыргонд, бирæ хæрзиуджыты
хицау, кадджын хистæр йæ алы къахдзæфы дæр хъуыды кæны Ирыстоны фидæныл.
Мадæлон æвзаджы рæзтæн Харум кæны удуæлдай лæггад. Йæ раиртасыныл
архайы егъау наукон куысты фæрцы. Йæ фыст чингуытæм гæсгæ та, куыд
скъолаты, афтæ уæлдæр ахуыргæнæндæдты дæр, æмбæлгæ уагыл ахуыр кæнынц
мадæлон æвзаг.
Тахъазты Харум, профессор: «Ирон æвзагæй
ныффыстон чингуытæ. Цалдæр хатты сæ рауагътой. Ныр та мыл бахæс кодтой
хистæр кълæсты скъоладзаутæн Дыгурон æвзаджы программæтæ саразын».
Тахъазты Харумы тыххæй дзургæйæ,
фыццаджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм адæмы фæрцы нæ ирондзинадæн сæфæн
кæй нæй. Уый цæрæнбонты кусы мадæлон æвзаг иртасыныл, кæстæр фæлтæртæн
æй уарзын кæныныл. Абон йæ ахуырдзаутæ систы фæзминаг специалисттæ.
Куыдзойты Анжелæ, ЦИПУ-йы доцент:
«Наукон проблемæмæ дæр, стæй царды алы фæзындтæмæ дæр Харум кæсы
лæмбынæг. Биноныгæй кусын кæны алы хъуыддагыл дæр. Йæ уыцы миниуджытæ
сты махæн дæр фæзминаг».
Шанаты Ритæ, ЦИПУ-йы доцент: «Куд
адæймаг афтæ, ахæм адæймаг нæй. Нæ кафедрæ æнæ Харумæй куыд уыдзæн уый
нæ зонын. Тынг бирæ йæ уарзæм. Мæхи тынг амондджын хонын емæ иу дуджы
кæй цæрын, уымæй».
80 азмæ бирæ хорздзинæдтæ саразын
бантыст Тахъазты Харумæн. Лескенаг лæппу Дзæуджыхъæумæ уæлдæр ахуырад
райсынмæ куы ссыд, уæд æрмæст йæхиуыл нæ хъуыды кодта, фæлæ ма æхсæнадæн
пайдайаг суæвыныл. Йæ зæрдиаг куыстмæ кæсгæйæ, иу æмæ дыууæ адæймаджы
нæ райста ахуыргæнæджы дæсныйад.
Тахъазты Фидар, филологон накæты
кандидат: «Æстай азы йыл сæхæст, æмæ уыдон 60 азы кусы ирон æвзаджы
райрæзтыл. Афтæ зæгъын æмбæлы æмæ Харум йæхæдæг сарæзта Ирон æвзаджы
скъола».
Æвзагзонынады дæсны йæхи æрмæст йæ азтæй
хъæздыг нæ хоны, фæлæ йæ сарæзт хъуыддæгтæй. Харум никуы никæмæ хæлæг
кодта. Сыгъдæгзæрдæйæ йæ куыст кодта, æмæ кæны йæ уарзон университеты.
20 азæй фылдæр разамынд дæтты æвзагзонынады кафедрæйæн. Йæ размæ дзы цы
зындгонд адæм куыста, уыдоны æвæрæнтыл ма бафтыдта, фæхъæздыгдæр сæ
кодта.
Тахъазты Харум, филологон наукæты
доктор, пофессор: «Раздæр иу афтæ дзырдтой: «Учитель звучит гордо», фæлæ
ныртæккæ уыцы хъуыдымæ æмбæлгæ цæстæнгасæй нæ кæсынц. Кæд ирон æвзаг
æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ гыццыл мызд исынц, уæддæр мадæлон æвагмæ
сæ уарзондзинад къаддæр нæ кæны. Æз уарзын мæ куыст. Нæ фæсмон кæнын мæ
равзæрст дæсныйадыл».
Тахъазты Харум æдзухдæр афтæ фæзæгъы: «Æвзаг уарзын хъæуы, дæ мады куыд уарзыс, афтæ». Йæ уыцы хъуыды дæр бирæйыл дзурæг у.
Йæ юбилейы фæдыл бирæ арфæйы ныхæстæ
райсдзæн ацы бонты кадджын хистæр, æмæ йын нæ телерадиокомпанийы
кусджыты номæй дæр арфæ кæнæм. Æнæниз у Харум, дæ фæллæйттæ царды кæй
хъæуынц, уымæн ма бирæ азты æвдисæн куыд уай.
Сосранты Жаннæ




