филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:26 воскресенье, 12 мая 2024
10 июня 2021, 13:50
Таймазты Артур æвзæрст æрцыд политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады секретарæй

Ахæм уынаффæ хаст æрцыд партион конференцийы

Таймазты Артур æвзæрст æрцыд политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг регионалон хайады секретарæй. Ахæм уынаффæ хаст æрцыд партион конференцийы. Сусæг хъæлæс кæныны процедурæйы рæстæг Таймазты Артуры фарс рахæцыдысты 134 адæймаджы. Уæвгæ, секретары бынатмæ ма йæ кандидатурæ балвæрæдта Цæгат Ирыстоны фæсивæдон Парламенты разамонæг Джиоты Георгий. Уымæн та йæ хъæлæстæ радтой 17 адæймаджы. Йæ ног бынаты регионалон хайады разамонæг баивта Ортабайты Тимуры. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр Таймазты Артур фæуæлахиз Паддзахадон Думæмæ рагагъоммæ хъæлæс кæныны процедурæйы иумандатон зылды. Æвзæрстытæ та уыдзысты 19-æм сентябры. Йæ сæйрагдæр хæстыл депутат нымайы республикæйы цæрджытимæ æнгом æмархайд кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania