филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:56 суббота, 27 апреля 2024
22 сентября 2021, 12:27
Таймазты Артур раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн, кæй йыл бæууæндыдысты, уый тыххæй

Куыд загъта, афтæмæй йæ алы зæрдæвæрдыл дæр дзуапп ратдзæн æмбæлгæ уагыл

Таймазты Артур раарфæ кодта республикæйы цæрджытæн, кæй йыл бæууæндыдысты, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй йæ алы зæрдæвæрдыл дæр дзуапп ратдзæн æмбæлгæ уагыл. Хъæлæс кæныны бæрæггæнæнтæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, брифингы загътой – ахæм практикæ кæй суыдзæн æнæмæнг кæнгæ хъуыддаг. Депутатты æрвылазон хыгъд лæвæрд хъуамæ закъонмæ гæсгæ фидаргонд æрцæуа.  Æвзæрстытæтæм  «Иугонд Уæрæсе» цыд адæмон программæимæ, уый  арæзт æрцыд æвзарджыты курдиæттæ æмæ фæндтæ хынцгæйæ. Цалдæр мæйы дæргъы сæ партийы уæнгтæ æмбырд кодтой Бæстæйы æппæт субъекттæй. Хаст æм æрцыд  60 – æй къабазæй фылдæр: куысты бынæттæ аразын, скъолатæ сцалцæг кæнын, дондзæуæн хызтæ рацарæзын.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Иугонд Уæрæсе» æрæмбырд кодта хъæлæсты  71 æнæхъæны æмæ иу дæсæм хай проценты. 2016-æм азимæ абаргæйæ, ацы хатт бæрæггæнæн фæфылдæр.   Уæд партийыл баууæндыд хъæлæсгæнджыты  67 æнæхъæны æмæ фараст дæсæм хай проценты. Таймазты Артур цыд иумандатон æвзарæн зылдыл, сæ хъæлæстæ йыл радтой  республикæйы цæрджыты 76 проценты. Æдæппæтæй йыл схъæлæс кодта 344 мин 844 адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania