филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:35 пятница, 17 мая 2024
27 марта 2013, 17:18
Такъоты Сергейы разамындæй арæзт æрцыд донивылдтыты ныхмæ къамисы æмбырд дæр

Гидрометеорологон центры специалистты тыхсын кæны, хæхты бирæ мит кæй æруарыд, уый. Куы фæхъарм уа, уæд, чи зоны, æмæ сæвзæрой зындзинæдтæ.
Апрелы дыккаг æмбисы гæнæн ис, æмæ фæбæрзонддæр уа Фыййагдоны, Джызæлдоны, Камбилеевкæйы æмæ Сунжæйы цæугæдæтты æмвæзад.

Абон ма Такъоты Сергейы разамындæй арæзт æрцыд донивылдтыты ныхмæ къамисы æмбырд дæр. Гидрометеорологон центры специалистты тыхсын кæны, хæхты бирæ мит кæй æруарыд, уый. Куы фæхъарм уа, уæд, чи зоны, æмæ сæвзæрой зындзинæдтæ.

Апрелы дыккаг æмбисы гæнæн ис, æмæ фæбæрзонддæр уа Фыййагдоны, Джызæлдоны, Камбилеевкæйы æмæ Сунжæйы цæугæдæтты æмвæзад. Ламидæттæй та тæссаг у Æрыдоны, Дур-Дуры æмæ Урсдоны дæттæн, стæй æвдай хъæуæн. Метеорологтæ донивылдтыты рæстæг хъусын кæндзысты уавæры тыххæй бæлвырд хабæрттæ. Районты та кусынц донивылдтытæй хи бахизыныл. Программæ сæххæст кæнынæн радтой 15 милуаны æмæ 500 мин сомы. Фылдæр æргом здахынц доныбылтæ фидар кæнынмæ. Дæс æмæ ссæдз азæй фылдæр цæуы доныбылтæ фидаргæнæн арæзтадыл æмæ заууатмæ æрцыдысты. Æхсæзæн та дзы хицау дæр нæй. Такъоты Сергей бадомдта бæрнон адæмæй, цæмæй сбæрæг кæной уыцы арæзтæдты хицæутты, кæнæ сæ бакæнæд администрациты бæрны.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania