30 августа 2019, 17:00
Тарскæйы полигоны абон цæуынц Хуссар Æфсæддон зылды зынгæхсæн дæлхайæдты ахуыртæ
Пайда дзы кæнынц системæ ТОС-1А «Солнцепек»-ы нырыккон уæззау техникæйæ.
Тарскæйы полигоны абон цæуынц Хуссар Æфсæддон зылды зынгæхсæн дæлхайæдты ахуыртæ.
Пайда дзы кæнынц системæ ТОС-1А «Солнцепек»-ы нырыккон уæззау техникæйæ. Скодтой уал 50 æхстæй фылдæр 20 мысаныл, 3 километрæй – 6 килеметры онг. Ахуырты сæйраг хæс у – тактикон десанты ныхмæлæууæджы скуынæг кæнын. Егъау ахуыртæ уыцы-иу рæстæг цæуынц 12 иумæйагæфсæддон денджызон æмæ авиацион полигонты Цæгат Ирыстоны, Ростовы, Волгограды æмæ Астраханы облæстты, стæй Стъараполы, Краснодары крайты æмæ Хъырымы. Æфсæддонтæ сæ фæлтæрддзинадыл æфтауынц доны былгæрæтты, хæхты æмæ хъæдты территориты, стæй быдырты.




