Ацы бонты Цæгат Ирыстонмæ ссыд уазæгуаты æмæ сæмбæлд йæ ахуыргæнинæгтимæ
Татьяна Школьникова у, йæ дæсныйад ын Хуыцауæй лæвæрд у, кæмæй фæзæгъынц, ахæм педагог. Уæрæсейы сгуыхт ахуыргæнæг схъомыл кодта цалдæр фæлтæры ахуырдзауты. Куыста æрмæст скъолайы нæ, фæлæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр. Ныр 20 азы Татьяна республикæйы нал цæры. Ацы бонты Цæгат Ирыстонмæ ссыд уазæгуаты æмæ сæмбæлд йæ ахуыргæнинæгтимæ.
Цыма дæсгай азтæ дæр нæ рацыд æмæ скъолайы бонтæ нæ фесты, уый хуызæн. Татьяна Школьниковайы фыццаг ахуырдзаутæ та бадынц партæты уæлхъус йæ фарсмæ. Чынгуыты æмæ тетрæдты бæсты сæ къухты ныр хуызистытæ. Уыдон сæ здахынц ивгъуыдмæ, зæрдæйæн уарзон рæстæгмæ – нырма йæ ахуырдзаутæ сывæллæттæ куы уыдысты, йæхæдæг та – æрыгон педагог. Ахуыргæнæг кæй суыдзæн, уый Татьяна нырма сывæллонæй зыдта. Куыд зæгъы, афтæмæй равзæрст дæсныйадыл никуы фæфæсмон кодта.
Йæ мыггаг Школьникова дæр ын цыма Хуыцауæй лæвæрд уыд. Татьяна ахуыргæнæг хуымæтæджы не сси. Йæ цард снывонд кодта скъоладзаутæн. Архайдта сæ, æрмæст англисаг æвзагыл ахуыр кæнын нæ. Фыццаджыдæр сæ архайдта, хъомыл кæнын хорз адæмæй.
Скъолыйы 38 азы куыстмæ йæ йæ дæсныйад баивын никуы бафæндыд. Цыфæнды зындзинæдтæ-иу куы уыд, уæддæр-иу Татьяна дарддæр æххæст кодта йæ хъуыддаг.
Йæ ахуырдзаутимæ æмбæлд æрмæст англисаг æвзаджы кабинеты нæ. Æхсызгонæй-иу сæ æрбахуыдта сæхимæ, ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнинæгтæ систы æцæг бинонтæ.
Ахæм дæнцæджы фæрцы Татьяна Школьниковайы ахуырдзауты къухы бафтыд æмæ абоны онг æфты стыр æнтыстдзинæдтæ. Уыдон æдзух сæ ахуыргæнæгæн фæзæгъынц «бузныг», царды раст фæндагыл сæ кæй сæвæрдта, уый тыххæй.




