Уыцы хорзæхы аккаг сси, йæ хъæубæсты æмæ районы райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый тыххæй
Æрхъуыдыдзинад у алцæмæй ахсджиагдæр. Æрæфы районы хуыйæн фарбрикæйы раздæры сæргълæууæг Таухъазахты Алыбегæн саккаг кодтой Цыколайы хъæуы кадджын гражданины ном. Уыцы хорзæхы аккаг сси, йæ хъæубæсты æмæ районы райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахаста, уый тыххæй. Таухъазахты Алыбег бирæ азты куыста Ирыстоны паддзахадон структурæты. Йæ фæрцы Æрæфы хуыйæн фабрик райста дыккаг комулæфт, бафтыдта йæ хъомысыл æмæ раздæры рæстæджы æнæфтиагджын куыстуат ногæй слæууыд йæ къæхтыл. Рæстæджы цыдимæ та сси нæ республикæйы рог промышленносты куыстуæтты раззагдæртæй иу. Уымæй уæлдай куысты бынæттæй баххæст кодта районы цæрджыты. Таухъазахты Алыбегæн кадджын ном раттыны фæндон загътой Цыколайы хъæуы цæрджытæ. Хæрзиуæг та йыл сæмбæлын кодта Цыколайы сæргълæууæг, хъæуы депутатты æмбырды.




