Баст уыд йæ райгуырды 115 азы бонимæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры зындгонддæр артисттæй иу Таутиаты Солæманы мысæн изæр арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Баст уыд йæ райгуырды 115 азы бонимæ. Ирон театралон аивады генийы æрымысынмæ æрбацыдысты Таутиаты мыггаджы минæвæрттæ, культурæйы архайджытæ, æмæ йын йæ хъуыддаг дарддæр чи хæццæ кæны, уыдон. Мысæн изæры тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Фæлмæн мидбылхудт æмæ театрдзауты, сценæйы архайдыл йæ фыццаг уысмæй фæстæмæ чи æууæндын кодта, уыцы арф цæстæнгас. Таутиаты Солæманæн театр уыд æнæхъæн дуне, алы спектакль та – актер иу хаттæй иннæмæ сценæйы æвæлайгæйæ цы цард кодта, уый æвдисæг.
Хæдзары куыстытæ кæнынæн йæ ныййарджытæн чи æххуыс кодта, ахæм хуымæтæг лæппу. Йе *мгæрттæй ницæмæй хицæн кодта, фæлæ сси сценæйы гений. Солæман арæх дызæрдыг кодта йæ равзæрст дæсныйадыл, фæлæ-иу адæм алы спектаклы фæстæ дæр цы тыхджын къухæмдзæгъд сарæзтой, уый дзурæг уыд, актер уæвын йæ цардвæндаг кæй у, æмæ йыл кæй æрлæууыд, уый раст хъуыддаг кæй у, ууыл.
Фæлмæнзæрдæ Къоста, хъæбатыр Хæсанæ, уæздан Хазби… Таутиаты Солæман сарæзта 30 ролæй фылдæр. Уыдонæй алкæцыйæн дæр уыд сæрмагонд бынат актеры зæрдæйы.
Ирон театры бындурæвæрджытæй иуы сценикон куыст фенæн нæй кинолентæтыл, хъахъхъæд не *рцыдысты йæ хъæлæсы фыстытæ дæр. Фæлæ йæ курдиат цæры, Солæманы сценæйы иу хатт чи федта, уыцы адæмы зæрдæты. Уыдон цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой курдиатджын актеры тыххæй мысинæгтæ, æнæвгъауæй сæ лæвæрдтой Солæманы хуызæн, театралон аивад йæ профессионалон фæндагæн чи равзæрста, уыдонæн.
Таутиаты Солæманы цардвæндаг уыд æрмæст 37 азы дæргъæн. Æгъатыр низ ын нæ радта фадат, ирон театралон аивад куыд райрæзт, уый фенын. Цал æмæ цал ирд сурæты ма абарстаид йæхиуыл. Цæгат Ирыстоны адæмон артистæн йæ цыбыр царды бантыст сæйраг роль – аивадыл æнувыд Ирыстоны кадджын фырты роль.




