Гуырдзыйы цы зæй рацыд, уый аххосæй дæсгай адæймæгтæн сæ бон нæу сæ хæдзæрттыл сæмбæлын. Тбилисийы чи ис, уыдоны хъæуы æндæр маршруттæ агурын. Фæстæмæ Уæрæсемæ

Тбилисийæ Ереванмæ 1000 сомыл цæуынц такситæ, 600 сомы аргъæй сæ бон у æхсæнадон транспортæй спайда кæнын. Уырдыгæй та адæмы бон у хæдтæхæгæй атæхын Минводы аэропортмæ. Билеты аргъ у 4 500 сомы. Минводæй та Дзæуджыхъæумæ таксийы ссæуын сыстдзæн 2 500 сомы. Æдæппæтæй фæндаджы уыдзысты 10 сахаты.
Адæмы бон у æндæр маршрутæй дæр спайда кæнын. Тбилисийæ ныццæуын Бакумæ. Уырдыгæй Хъаспийыл бахæццæ уыдзысты Махачкаламæ. Стæй Цæцæны æмæ Мæхъæлы фæндæгтыл сæ бон ссæуын у Дзæуджыхъæумæ. Афтæмæй фæндаг у 700 км, бæлццæттæ фæндагыл уыдзысты 9 сахаты. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы маршрут у æппæтæй тагъддæр æмæ хæстæгдæр.
