филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:59 понедельник, 15 декабря 2025
17 октября 2019, 12:20
«Театр хъæутæм» – ахæм акци сæрæзтой Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры актертæ æмæ райдыдтой Нартыхъæуы скъолайæ

Уый уыд нæ республикæйы сæргълæууæджы фæнд.

«Театр хъæутæм». Ахæм акци сæрæзтой Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон Академион театры актертæ æмæ райдыдтой Нартыхъæуы скъолайæ.

Уый уыд нæ республикæйы сæргълæууæджы фæнд. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ æппæты дæрддзæфдæр хъæуты рæзгæ фæлтæрæн фадат уа, курдиатджын актертæ кæм архайынц, ахæм спектакльтæм кæсынæн. Тæбæхæсæуты Балойы номыл паддзахадон драмон театры аивадон разамонæг Колыты Владислав æмæ Рæмонты Ритæ Къостайы райгуырды 160 азмæ бацæттæ кодтой цымыдисаг спектакль. Равдыстой дзы поэты, æмæ йæ «Ирон фæндыр» рухс кæй руаджы федта, уыцы зындгонд адæймаг Байаты Гаппойы истори. Актертæ театрдзауты ахуыдтой Къостайы бонтæм, æмæ сын радзырдтой, ныронг цы цаутæ нæ зыдтой, уый тыххæй дæр. Ахуыргæнджыты хъуыдымæ гæсгæ ахæм акци хъуамæ суа хорз традици.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania