филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:13 пятница, 03 мая 2024
11 апреля 2013, 11:03
Театрты хуыздæр кусджытæн раарфæ кодтой Тæбæхсæуты Балойы академион театры

Актертæ, сценаристтæ, декоратортæ. Сæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй 31 адæймаджы райстой Цæгат Ирыстоны культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министрады æмæ

Актертæ, сценаристтæ, декоратортæ. Сæ бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй 31 адæймаджы райстой Цæгат Ирыстоны культурæйы æмæ дзыллон коммуникациты министрады æмæ театралон архайджыты Цæдисы премитæ. Уыдон сты республикæйы æппæт театрты минæвæрттæ. Кæй сæ æрхъуыды кодтой, уый се ‘ппæтæн дæр æхсызгон уыд. Куыд загътой, афтæмæй сын бирæ азты фадат нæ уыд иумæ фембæлынæн.

Тлаттаты Бексолтан, УФ-йы сгуыхт артист: «Ацы бæрæгбон куы æрцæуы, уæд адæймаг сулфы, уымæн æмæ кæрæдзийы фенæм, уæлдайдæр та хистæр фæлтæр. Театртæ алы рæтты сты æмæ кæрæдзиуыл нал æмбæлæм, кæрæдзийæн нæ зæгъинæгтæ нал фæзæгъæм, нæ хъæндзинæдтæ, нæ хорздзинæдтæ. Абон æрæмбырд стæм, кæрæдзиуыл цин кæнæм. цыма фыццаг хатт федтам кæрæдзийы, æмæ нын тынг æхсызгон у».

Гуыбиаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы театралон архайджыты цæдисы сæрдар: «Арфæ кæнын, цæмæй бирæ азты дзæбæхæй куыд цæрой, амондджын уой, сæ сабиты хурæй амондджын куыд уой, уый Хуыцау зæгъæд».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania