филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:08 понедельник, 20 мая 2024
27 марта 2014, 17:22
Театры æппæтдунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр

Ирон академион театры арæзт æрцыд хъæлдзæг театралон изæр.

Архайдтой дзы Дыгурон драмон æмæ оперæ æмæ балеты театрты артисттæ дæр. Куыд загътой, афтæмæй кæнынц уæззау, фæлæ кæддæриддæр цины æнкъарæнтæ чи хæссы, æмæ царды алы фæзындтыл чи дзуры, ахæм куыст.

Театры æппæтдунеон бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны дæр. Ирон академион театры арæзт æрцыд хъæлдзæг театралон изæр.

Архайдтой дзы Дыгурон драмон æмæ оперæ æмæ балеты театрты артисттæ дæр. Куыд загътой, афтæмæй кæнынц уæззау, фæлæ кæддæриддæр цины æнкъарæнтæ чи хæссы, æмæ царды алы фæзындтыл чи дзуры, ахæм куыст. Актеры дæсныйады хуымæтæг адæм нæй, се ппæт дæр хайджын сты стыр курдиатæй. Кадджын уавæры ма йæ юбилейы фæдыл раарфæ кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Дзгойты Аллæйæн дæр. Ирон театры актерты æрыгон фæлтæр та бацæттæ кодтой хъæлдзæг театралон равдыст.

Дзгойты Аллæ, РЦИ-Аланийы адæмон артисткæ: «Ахæм бæрæгбонтæ, рæсугъд бæрæгбонтæ цæуæд нæ театрыл дæр, нæ Ирыстоныл дæр се ппæт адæмыл, Æнниз куыд уæм, Хуыцау нын ахæм амонд радтæд».

Гуыбиаты Хъазыбег, Ирон театры аивадон разамонæг: «Абон æппæт дунеон театрты бон у æмæ мæ фæнды раарфæ кæнын се ппæтæн дæр, зæрдæргъæвд куыд уой, сæ зæрдæтæ куыд судзой, æмæ ног рольтæ куыд исой, æмæ фыццаджыдæр та æнæниз куыд уой, уый сын мæ зæрдæ зæгъы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania