филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:31 суббота, 31 января 2026
02 декабря 2022, 11:40
Технологийы уроктæ ныр арæзт цæуынц Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы

Ахуыргæнæндон бадзырдтæ бафыста Дзæуджыхъæуы 5 скъолаимæ

Фæллойы, бæлвырддæр та, технологийы уроктæ ныр арæзт цæуынц Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы. Ахуыргæнæндон бадзырдтæ бафыста Дзæуджыхъæуы 5 скъолаимæ. Ахæм æмархайд сывæллæттæн фадат дæтты, кусæг дæсныйæдтимæ лæмбынæгдæр зонгæ кæнынæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

9-æмкъласон Икъаты Азæмæт йæхи цæттæ кæны лабораторон куыст раттынмæ. Технологийы урочы ацы хатт сывæллæттæ ахуыр кæнынц графикон архитектурæ. Ахуыртæ скъолайы нæ цæуынц, фæлæ Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы.

Афæдзы райдиан арæзтадон техникум бадзырдтæ бафыста горæты 5 скъолаимæ. Ныр технологийы уроктæ цæуынц ацы ахуыргæнæндоны бындурыл. Ахæм æмгуыстад фадат дæтты ахуырадон процесс сывæллæттæн цымыдисагдæр скæнынæн, арфдæр зонындзинæдтæ сын раттынæн,  кусæг дæсныйæдтæ сын бауарзын кæнынæн.

Уалыты Земæ, Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы ахуыргæнæг: «Уроктæм æхсызгонæй цæуынц 6-æм, 38-æм, 39-æм, 33-æм æмæ 16-æм горæтаг скъолаты ахуырдзаутæ. Скъолатимæ бадзырдмæ гæсгæ ахуыртæ цæуынц æрвылбон ам – Цæгат Кавказы арæзтадон техникумы. Ис 3 компетенцийы. Графикмæ гæсгæ къуырийы дæргъы нæм æрбацæуы 300 скъоладзауæй фылдæр».

Афæдзы райдиан техникумы специалисттæ сывæллæтты базонгæ кодтой теориимæ. Ныр хистæрты лæмбынæг цæстдардæй скъоладзаутæ практикæйы пайда кæнынц уыцы зонындзинæдтæй.

Цыбыр рæстæгмæ сывæллæттæ инструменттимæ сахуыр сты цæрдæг архайын. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ чызджытæ æмæ лæппутæ æмрæнхъ кæй кусынц.

Скъоладзаутæн ацы архайд у пайдайаг практикæ, хистæртæн та – сывæллæттæн фæллойы фæлтæрддзинад раттыны фадат. Куыд зæгъынц, афтæмæй кусæг дæсныйæдтимæ зонгæдзинад рауад æнтыстджын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania