филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:28 воскресенье, 01 февраля 2026
25 января 2023, 12:23
Тельмæны уынджы цæрджытæ тыхсынц сæ хæдзары уавæрæй

Фатерты къуылымпыдзинæдтæ ис дондзæуæн системæимæ æмæ электрон тыхимæ

Уымæл æмæ хъуына къултæ, бæстыхайы пырх бындур. Ахæм уавæры ис Тельмæны уынджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæй иу, арæзт æрцыди 1953-æм азы. Цæрджытæ хъаст кæнынц, æнæ бындурон цалцæгæй æмæ æнæ разамынддæттæг компанийæ кæй баззадысты, уымæй. Фатерты къуылымпыдзинæдтæ ис дондзæуæн системæимæ æмæ электрон тыхимæ. Уæдæ пъадвалты та уæрджытæм дон. Уавæр равзарыныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр – Касаты Наирæ.

Æмæ ахæм уавæры ис хæдзар иууылдæр. Бацæуæнтæ æмæ фатерты æппынæдзух у уымæл, къултæ хъуына. Каролина Каграманова ам цæры 20 азæй фылдæр, раздæр дæр хæдзары уавæр сæ хæрзтæй нæ уыди, фæлæ фæстаг азты æрцыдысты къуырцдзвæнмæ. Хæдзар мæнæ-мæнæ ныккæла.

Бирæфатерон хæдзæры пъадвалтæй бассейнтæ рауади. Дон дзы у уæрагмæ. Пъадвалмæ дон цæуы куыд хъæтæлтæй, афтæ канализацийæ дæр. Цæрджытæ тыхсынц тæвд доны уавæрæй дæр. Арæх сæм уæвгæ дæр нæ вæййы.

Ам лыггæнинаг фарстатимæ сæмбæлд алы адæймаг дæр. Фылдæр тыхсынц электрон тыхдæттæг хæтæлты уавæрæй. Рухс арæх ахуыссы, хæтæлтæ басудзынц, ток кæм цæуы, уыцы къоппытæ гом.

Хæдзар иууылдæр у æдзæллаг. Уыимæ, куыд мидæгæй, афтæ æддейы дæр. Бæстыхайæн йæ сæрстытæ згъæлынц, хæлы йæ бындур дæр. Цалцæггæнæн куыстытæ цæрджытæ кæнынц сæхи фæрæзтæй. Администрацийы зæгъынц, цæмæй фарста лыггонд æрцæуа, уый тыххæй уал цæрджытæн хъæуы хæдзарæн разамынддæттæг управлени равзарын.

Уыцы рæстæг та цæрæнуæтты æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды паддзахадон службæмæ ис æндæр информаци.

Бындурон цалцæджы фарста уал цæрджытæн нырма у гом. Цæрæнуæттæм цæстдарды службæйы зæгъынц, цалцæггæнæн куыстытæ æххæстæй скæнæн ис бындурон цалцæджы фонды фæрæзтæй. Фæлæ куыд фæнды куы уа, уæддæр уыцы фондмæ фæрæзтæ цæуынц цæрджытæн сæхи фиддонтæй. Иннæ аз ам нысан кæнынц коммуникацитæ аивын.

Цæрджытæ зæрдæ дарынц, сæ бирæ азты фарстайыл сын кæй бакусдзысты, ууыл. Фæлæ куыд тагъд, уый та аразгæ у сæхи фиддонтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania