18 августа 2021, 13:47
Терчы былгæрæттæ сыгъдæггонд æрцыдысты машинæты цæлхытæй
Бацархайдтой йыл Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ æхсæнады уæнгтæ
Терчы былгæрæттæ сыгъдæггонд æрцыдысты машинæты цæлхытæй. Бацархайдтой йыл Дзæуджыхъæуы цæрджытæ æмæ æхсæнады уæнгтæ. Æнæхъæн афдæз æнæзакъон бырондон хæстæг хæдзæртты цæрджытæн æвзæрын кодта зындзинæдтæ. Цæлхытæ-иу арæх ссыгътой. Уыцы тæфы тыххæй адæмæн гæнæн нæ уыди сæ рудзгуытæ байгом кæнынæн. Экологон акци арæзт æрцыди æппæтуæрæсеон адæмон фронты хъæппæрисæй. Ресурсон центр «Кавказы бархионтæ», «Спецэкосервисы» кусджытæ æмæ горæты цæрджытимæ сæмбырд кодтой 3 сæдæ цалхæй фылдæр. Бырæттæ иууылдæр аластой сæрмагонд полигонмæ.
темæмæ гæсгæ




