филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:19 суббота, 28 сентября 2024
16 сентября 2021, 12:15
Теркаг хъазахъхъæгты музей тагъд рæстæджы фæзындзæн Черноярскæйы станицæйы

Уый уыдзæн, 200 бынатæн ног скъола эксплуатацийы куы радтой, уæд

Теркаг хъазахъхъæгты музей тагъд рæстæджы фæзындзæн Черноярскæйы станицæйы. Уый уыдзæн, 200 бынатæн ног скъола эксплуатацийы куы радтой, уæд. Экспозицимæ хаст æрцæудзысты Черноярскийы æмæ Ново-Осетинскийы зындгонд цæрджыты историон документтæ, хи дзаумæттæ, рагон царды мигæнæнтæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй ардыгæй рацыд, паддзахы конвойы чи службæ кодта, уыцы офицерты хыгъды фылдæр хай. Хицæнæй музейы æрбынат кæндзæн, фыццаг ирон профессионалон композитор, Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд» саразæг Галаты Барисы сфæлдыстадимæ баст экспозици. Барис райгуырд Черноярскийы. Дыууæ станицæйы цæрджытæ дæр цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц сæ зындгонд æмзæххонты тыххæй æрмæг. Музейы фæзындзысты бинонты коллекцитæ дæр. Ног скъолайы арæзтад цæуы фæткмæ гæсгæ. Ныридæгæн ын сæвæрдтой бындур, аразынц къултæ. Районы разамынд стæй ахуырады управленийы специалисттæ бæстон кæсынц арæзтадмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania