филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:25 суббота, 11 мая 2024
20 сентября 2019, 17:00
Терроризмы ныхмæ арзæт къамисæн абон уыд йæ радон æмбырд

Æрныхас дзы кодтой социалон хызæгты профилактикон куыст аразыны фарстатыл.

Терроризмы ныхмæ арзæт къамисæн абон уыд йæ радон æмбырд. Æрныхас дзы кодтой социалон хызæгты профилактикон куыст аразыны фарстатыл.

Æмбырдæн разамынд лæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Терроризмы ныхмæ арæзт æмбырды архайдтой хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, парламенты сæрдар Алексей Мачнев, Цæгат Ирыстоны сæйраг федералон инспектор Челæхсаты Владимир, муниципалон скондты разамонджытæ. Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады сарæзтой сæрмагонд къорд, кæцы йæ цæст дары интернеты экстремизм æмæ терроризмæй тæссаг æрмæджытæм. Хорз фæрæз у сæ ныхмæлæууæг видеоæрмæджытæ. Министрады офицалон сайты ис баннер «Æдас интернет». Æмбырды ма æрдзырдтой алы ведомствæты æхсæн æмархайды фарстатыл æмæ 2019-æм – 2023-æм азтæм арæзт иумæйаг куысты фæтк царды куыд æххстгонд цæуы, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania