Терроризмы ныхмæ тох кæнынæн комплексон системæйы фарстайыл æрныхас кодтой антитеррористон къамисы æмбырды, йæ сæргъы Битарты Вячеслав, афтæмæй. Æмбырд ацыди видеоконференцийы хуызы. Ныхас цыди инфраструктурæйы объекттыл æмæ транспортон фæрæзты хъахъхъæнынадыл, артаджы æмæ энергетикон комплексы объектты æдасдзинадыл, нациты æмæ динты хсæн ныхмæлæуддзинады профилактикон мадзæлттыл.
Уымæй уæлдай, хицауады уæнгтæ æрдзырдтой æххæстгæнæн хицаудзинады æмæ национ диаспорæты хсæн æмгуыстады системæмæ. Уыдон стыр æргом здахынц фæсивæды фарстатæм, аразынц фембæлдтытæ, тематикон мадзæлттæ, дзыллон акцитæ, туристон экскурситæ. Сæйраг хæс – ныхмæлæуддзинадæй бахъахъхъæнын. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй, национ-культурон æхсæнадты, æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрациты раст æмгуыстадæн ис стыр ахадындзинад.