Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло
Терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон культурон-патриотон центр “Беслан. Школа№1” хъуамæ уа федералон æмвæзадыл. Ахæм курдиат республикæйы сæргълæууæг арвыста Уæрæсейы Президент Владимир Путинмæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Регионы оперативон уавæрыл дзургæйæ Хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег загъта, къуыримæ 97 фæндаггон – транспортон цауы кæй æрцыди, уый. Цæгат Ирыстоны территорийы «Уæллаг Ларс»-ы сæрты ахизынмæ рады лæууынц мин уæзласæн машинæйы. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, хъармгæнæн системæ центрон объекттæм хъарм дæтты æнæкъуылымпыйæ. Фæлæ, æркæсинаг фарстатæ ис Дзæуджыхъæуы цалдæр уынджы бирæфатерон хæдзæртты. Аппаратон æмбырды фæлгæты Сергей Меняйло районты сæргълæуджытæй бадомдта, лыггæнинаг фарстатыл иумæйагæй æмæ æвæстиатæй кусын, цæмæй сæ цæрджытæ сæхиуыл ма æнкъарой.




