Беслæны теракты 20 азы бонмæ йæ бацæттæ кодта æмæ йæ рауагъта сылгоймæгты Алайнаг моладзандон
Беслæны терроризмы профилактикæйы центр «1-æм скъола»-йы уыд чиныг «Бесланское свидетельство. Рассказы о вере, надежде и любви»-йы презентаци. Беслæны теракты 20 азы бонмæ йæ бацæттæ кодта æмæ йæ рауагъта сылгоймæгты Алайнаг моладзандон. Чиныджы æмбырд сты, амынæты чи бахауд æмæ теракты æвдисæнтæ чи уыдысты, уыцы адæмы мысинæгтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Абарæн æндæр истæимæ кæмæн нæй, ахæм зындзинад, Зæххы къори чи сæнкъуысын кодта, ахæм трагеди. 2004 азы сентябрь сси саударæн… Æгъатыр теракт аскъуыдта 334 царды, уыдонæй 186 уыдысты сывæллæттæ. Уæдæй нырмæ рацыд 20 азы, фæлæ рыст нæ къаддæр кæны. Æууæнк æмæ уарзондзинад лæвæрдтой стыр тыхтæ адæмæн. Чиныг «Бесланское свидетельство. Рассказы о вере, надежде и любви» дзуры теракты бахауæг сывæллæтты æмæ хистæрты тыххæй, беслæйнæгты хъæбатырдзинад æмæ уарзондзинады тыххæй. Адæм кæрæдзийы фарсмæ куыд æнгом æрбалæууыдысты, æмæ сын уыцы æнувыддзинад ныры онг дæр кæй æххуыс кæны, уыцы хабæрттæ бакæсæн ис йæ сыфтыл.
Чиныг саразæг у Бестауты Георгия. Уый бирæ рæстæг уыд, теракты чи бахауд, уыцы сывæллæттимæ цы реабилитацион центры куыстой, уый разамонæг. Моладзандоны алывæрсыг æххуыс кодтой сабитæн: семæ-иу ныхас кодтой, хъуыстой сын сæ хабæрттæм. Афтæмæй сæмбырд кодтой бирæ æрмæг. Уæд сфæнд кодтой чиныг рауадзын. Йæ тексттыл ын райдыдтой кусын 2015 азы.
Чиныджы бакæсæн ис, амынæты бахауджыты рыст сæ зæрдæтæм арф чи айста, уыцы сауджынты радзырдтæ. Йæ сыфтыл мыхуыргонд сты, скъолайы йæ цардæй чи фæхъуыд, уыдоны хиуæтты историтæ дæр. Чиныгæн презентаци скæнынæн баххуыс кодтой, амынæты бахауджытæй Алайнаг моладзандонмæ кувынмæ цæуын чи райдыдта, уыдон. Се *хсæн – Сæбанты Аминæ. Ам аскъуыд йæ фыдыфыды цард. Сæбанты Тæрхъан раздæр уыд скъолайы директор. Уыцы бон æрбацыд сывæллæттæн æмæ ахуыргæнджытæн арфæйы ныхæстæ ракæнынæн, фæлæ ахуыргæнæндонæй нал рацыд. Срæмыгъдтыты рæстæг йæ буарæй сæхгæдта йæ фарсмæ чи бадт, уыдоны. Аминæйæн бантыст аирвæзын, фæлæ йæ зæрдæйы рыст нæ къаддæр кæны. Чызг тынг æнхъæлмæ каст чиныджы рауагъдмæ.
Чиныджы хъайтартæ æрмæст амынæты бахауджытæ не сты, фæлæ «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ æмæ 2007 – 2019 азты реабилитацийы программæйы кусджытæ дæр. Чиныг ныууаддзæн арф фæд, йæ къухмæ йæ чи райса, уыдоны зæрдæты.




