филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:44 суббота, 31 января 2026
08 марта 2025, 10:33
Тменаты Маринæ хъомыл кæны 5 фырты бинонты традицитæ хъахъхъæнгæйæ

Арæх бабæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы комплексон центры клуб «Бинонты фысымуат»

Сылгоймаг кæддæриддæр уыд æгæрон кады аккаг. Уымæн æмæ уымæй аразгæ у бинонты фарн. Ирыстоны ахæм дæнцæгæн хæссинаг сылгоймæгтæ ис уæлдайджынтæй. Сæ иу – нæ программæйы хъайтар – Тменаты Маринæ. Йæ царды мбалимæ сæ 5 фырты хъомыл кæнынц, бинонты традицитæ хъахъхъæнгæйæ. Арæх бабæрæг кæнынц Дзæуджыхъæуы Ирыстойнаг районы комплексон центры клуб «Бинонты фысымуат».

Музыкалон композици сæ уарзон ныййарæгæн Хуыбаты хæдзары арæх фæзæлы. Уыимæ æнæмæнг национ мотивтæм гæсгæ. Сæ бинонты иунæг сылгоймаджы зæрдæ барухс кæнын лæппутæ арæх бацархайынц. Тменаты Маринæйæн йæ 5 фырты сты йæ ныфс æмæ æххуыс. Кæд сæ алкæуыл дæр хицæн узæлд хъæуы, уæддæр.

Стыр бинонтæм Тменаты Маринæ кæд нæ бæллыд, уæддæр цттæ разынд. Йæхæдæг дæр ахæм бинонты хсæн схъомыл. Фæлæ йæ кæдфæндыдæр хъуыди чызг. Уый бæсты та йын хъысмæт балæвар кодта 5 лæппуйы. Хистæр Сæрмæт ахуыр кæны 9-æм къласы. Цæттæ кæны колледжмæ экономикон дæсныйадмæ бацæуынмæ. Рустам ахуыр кæны 6-æм къласы. Йæ бæллиц у дохтыр суæвын. Маринæ йæхæдæг дæр у медик, кусы поликлиникæйы лабораторийы. Алан та ис дыккæгæм къласы. Арсалан цæуы рæвдауæндонмæ. Гыццыл Хетæгыл та цæуы æрмæстæдр 3 мæйы. Сфæлдыстадон миниуджытæй дарддæр ма лæппутæ архайынц спорты дæр.

Йæ царды мбалимæ Маринæ сæ цоты хъомыл кæнынц бинонты традицитæ хъахъхъæнгæйæ. Ахуыр сæ кæнынц хуымæтæг, фæлæ ахсджиаг хъуыддæгтыл. Алы бæрæгбоныл дæр сæмбæлынц иумæ. Уæлдай уарзон та сын у 8-æм мартъийы бон.

Цалынмæ хистæртæ нысантæ æвæрынц, уæдмæ кæстæртæ та сæхи къухтæй лæвæрттæ цæттæ кынынц. Хуыбатæ арæх бабæрæг кæнынц, Ирыстойнаг районы комплексон центр цы мадзæлттæ саразы, уыдон. Ацы хатт клуб «Бинонты фысымуаты» сабитæ сæ мадæлтæн аразынц аивгæнæнтæ æмæ посты къамтæ.

Ахæм фембæлдтытæ комплексон центры фæаразынц рæстæгæй-рæстæгмæ. Æрбахонынц æм бирæсывæллонджын бинонты кæстæрты. Ахæм æххуыс сын у тынг ахадгæ. «Бинонты фысымуаты» алцыдæр арæзт у афтæ, цæмæй сывæллæттæн уой æмбæлгæ уавæртæ. Алан æмæ Арсалан зæрдиагæй архайынц аивгæнæнтæ аразыныл. Балæвар сæ кæндзысты сæ мад æмæ нанайæн.

Маринæ уыд æмæ у сæ царды сæйрагдæр сылгоймаг. Кæд хатгай домаг вæййы, уæддæр. Фæлæ йæ мидбылхудт батавдзæн цыфæнды нæлгоймаджы зæрдæ дæр. Маринæйæн та йæ фырттæ сты йæ царды æппæтæй ахсджиагдæр лæвар. Сты йæ фарсмæ, сты æнæниз æмæ амондджын. Уымæй аразгæ у йæхи амонд дæр.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania