филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:46 понедельник, 09 июня 2025
21 мая 2025, 10:46
Толдзгуыны байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æмхъæуккæгты номыл цыртдзæвæн

Йæ автор æмæ саразæг у амалхъом адæймаг, цыртдзæвæнтæ аразæг æрмадзы разамонæг Хортиты Артем

Толдзгуыны байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы æмхъæуккæгты номыл цыртдзæвæн. Йæ автор æмæ саразæг у амалхъом адæймаг, цыртдзæвæнтæ аразæг æрмадзы разамонæг Хортиты Артем. Хæсты рæстæг, нæ бæстæйы иннæ рæтты цæрджыты æмрæнхъ, толдзгуйнæгтæ сыстадысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Сосранты Жаннæйæн ныхасы бар.

Толдзгуыны хъæуы астæу сфидыдта ног номарæн бынатæй. Кадджын уавæры дзы байгом кодтой,  сæ хъæуæй Фыдыбыстæйы Стыр хæсты рæстæг чи бацарæфтыд, уыдоны номыл цыртдзæвæн.

Алцæмæн дæр вæййы райдиан. Ацы хъуыддаг цардмæ рахæссыны хъуыды дæр фæзынд, Толдзгуыны фидæнмæ, историмæ куыд фæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæмы фæрцы.

Номарæн бынат байгом кæныны кадджын мадзалмæ хуынд æрцыдысты районы разамынд, ветеранты советы æмæ «Стыр ныхас»-ы, æфсæддон комиссарады минæвæрттæ, Толдзгуны цæрджытæ, йæ рацæуджытæ.

Æппæт æрбацæуджытæ арфæ кодтой, цыртдзæвæн йæхи фæрæзтæй чи сарæзтæ, уыцы Хортиты Артемæн.

Ацы бынаты, цыртдзæвæны ахадындзинад фæлтæртæ кæй æмбардзысты, ууыл гуырысхо нæ кæнынц йæ архъуыдыгæнджытæ. Уырны сæ – Толдзгуыны цæрджытæ хæсты рæстæг цы зиндзинæдтæ бавзæрстой, уыдонæн фæлтæртæ аргъ кæй кæндзысты æмæ сæ кадджын хистæрты сгуыхтдзинæдтæ фæлтæртæ кæрæдзимæ кæй дæдтдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania