филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:40 понедельник, 20 мая 2024
22 апреля 2014, 11:22
Толдзгуыны цæрæг Баситы бинонты хъæуы социалон æххуыс

Толдзгуыны цыппаруатон бæстыхайы 9 азы цæрынц Баситы бинонтæ. Æдæппæтæй 19 адæймаджы. Уырдæм бинонты раивтой кæлæддзаг хæдзарæй. Куыд сын æмбарын кодтой, афтæмæй рæстæгмæ.

Толдзгуыны цæрæг Баситы бинонты хъæуы социалон æххуыс
Толдзгуыны цыппаруатон бæстыхайы 9 азы цæрынц Баситы бинонтæ. Æдæппæтæй 19 адæймаджы. Уырдæм бинонты раивтой кæлæддзаг хæдзарæй. Куыд сын æмбарын кодтой, афтæмæй рæстæгмæ. Æрæфы районы администрацийы куыд загътой, уымæ гæсгæ Баситæ райсдзысты социалон æххуыс. Зæрдæ бавæрдтой, лыггонд æрцæудзæн сæ цæрæнуаты фарста дæр.
 
Баситы бинонтæ цæрынц, электрон тых хæдзæрттæм кæцæй цæуы, уыцы трансформаторы цур. Валентинæ куыд зæгъы, афтæмæй тынг тыхсы, уымæн æмæ йæ сывæллæттæ арæх уынджы фæхъазынц. Æмæ сæ æрмæст ацы фарста нæ тыхсын кæны. Сæ цæрæн уавæртæ сты зæрдæхсаинаг. Хæдзары нæй дон æмæ хинайæн. Ацы бæстыхайы бинонты æрцæрын кодтой 9 азы размæ. Раздæр Баситæ цардысты кæлæддзаг хæдзары Æхсæрысæры.

Баситы Валентинæ: «Администрацимæ цалдæр хатты бацыдтæн, уæд ма дзы куыста Тæхойты Игорь. Æхсæрысæрмæ нæм æрцыд æмæ нын загъта, ардæм дам уал рацæуыт цæрынмæ, уый фæстæ дам уын феххуыс кæндзыстæм. Æмæ ардæм æрцыдыстæм, уымæн æмæ нын цæрæн бынат нал уыд. Нæ пропискæ скодам, ницы. Афтæмæй баззадыстæм, æнæ уавæртæй. Нæй нын цæхæрадон, мæнæ ныр дон тыххæйты скодтам, уымæн æмæ тæккæ хъæуы астæу цæрæм, кæрт скæнын нæ бон нæу. Нæ нын æй бауагътой, нæхæдæг æй кæнинаг уыдыстæм. Иннæрдыгæй скъола, уым дæр нын нæ бауагътой. Æмæ афтæмæй цæрæм».

Ацы бæстыхайы раздæр уыд Толдзгуыны совхозы разамынд. 4 агъуысты сты 120 квадратон метры æмæ дзы ныртæккæ цæрынц 19 адæймагæй. Баситæн ис 9 сывæллоны, уыдоны цот та сты 6-æй. Бинонты хистæр Баситы Валерий куыд зæгъы, афтæмæй æнæ цæхæрадонæй æмæ æнæ фосæй хъæуы тынг зын цæрæн у.

Баситы Валерий: «Уавæртæ, æргом зæгъгæйæ, тынг æвзæр сты. Адæймаг хъæуы цæргæйæ цæхæрадоны куы нæ куса, фос куы нæ дара, уæд афтæмæй зын цæрæн у. уæлдайдæр хъæуы, нæ дзы куыст ис, ныр фос кæм бакæна адæймаг, уый дæр нын нæй. Стæй дзы саразæн никуы ис, уадзгæ дæр нæ ничи кæны. Тæккæ хъæуы астæу. Иуырдыгæй скъола, æмæ нын ахæм бартæ нæй».

Æрæфы районы администрацийы Баситы бинонты уавæры тыххæй зонынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй сын рæстæгæй-рæстæгмæ бакæнынц материалон æххуыс. Йæ цæст сæм дары районы социалон хъахъхъæнынады управлени дæр. Бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Зехъеты Хетæг куыд зæгъы, афтæмæй сын ныр баххуыс кæндзысты сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн дæр.

Зехъеты Хетæг, Æрæфы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг: «Баситы бинонты проблемæйыл архайæм 2002-æм азæй нырмæ. Цы хæдзары цардысты Æхсæрысæры, уый уыд æдзæллаг уавæры. Æмæ сæ администрацийы хъæппæрисæй раивтой Толзгуынмæ. Ныры онг сæ хæдзар дæр, сæхæдæг дæр нæ уыдысты мыхуыргонд, хъæуы сæ пропискæ скæнын, æмæ сын уыцы хъуыддаг куы бакæнæм, уæд сæ федералон программæмæ бахæсдзыстæм, цæмæй сæ ног хæдзармæ раивой, уый тыххæй».

Администрацийы ма нын загътой, рæхджы районы аразын кæй райдайдзысты бирæфатерон хæдзар. Æмæ гæнæн ис, Баситæн уым радтой фатер.

Районы администрацийы зæрдæ бавæрдтой, Баситы хистæр чызгæн кæй баххуыс кæндзысты, уымæй дæр. Дзерассæйæн ис 4 сывæллоны. Закъонмæ гæсгæ йын æмбæлы зæххы хай райсын. Фарста лыггонд æрцæудзæн хæстæгдæр рæстæг.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania