25 апреля 2018, 18:00
Тотализатортæ æмæ букмекертæ фиддзысты дыууæ хатты фылдæр хъалонтæ
Ууыл ныхас цыд абон Парламенты æмбырды.
Депутаттæ хорзыл банымадтой, æхцайыл хъазæн бизнесыл хъалон æвæрыны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг.
Тотализатортæ æмæ букмекертæ фиддзысты дыууæ хатты фылдæр хъалонтæ. Ууыл ныхас цыд абон Парламенты æмбырды.
Депутаттæ хорзыл банымадтой, æхцайыл хъазæн бизнесыл хъалон æвæрыны закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг. Æдæппæтæй æркастысты 17 закъоны проектмæ. Бæстон æрныхас кодтой, куысты мызды бæрц, цæрынæн æппын къаддæры фæрæзты онг фæфылдæр кæныныл. Афтæмæй суыдзæн 11 мины æмæ 163 сомы. Уымæ гæсгæ Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ, регионты хсæн адих кæндзысты уæлæмхасæн фæрæзтæ, нæ бæстæйы Хицауады резервон фондæй. Уыдонæй Цæгат Ирыстон райсдзæн 124 милуан сомы. Уымæй дарддæр 200 милуан сомы онг æфтиæгтæ фæфылдæр кæнынмæ хъавынц федералон бюджеты æмæ Пенсион фонды фæрæзтæй. Схардз сæ кæндзысты социалон æххуысы мадзæлттыл. Республикæйы Хицауад цы ивддзинæдтæ бахаста, уыдоны фæрцы æфтиæгтæ уыдзысты 25 миллиард сомы, дефицит та 140 милуан сомæй фылдæр.
темæмæ гæсгæ




