филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
03 февраля 2023, 11:11
Транскамы 8 километры уаццаг 2024-æм азы фæуæрæхдæр кæндзысты 4 рæнхъы онг

Ам ныхас цæуы Бехъанæй Æрыдонмæ цæуæг фæндагыл

Транскамы 8 километры уаццаг 2024-æм азы фæуæрæхдæр кæндзысты 4 рæнхъы онг. Ам ныхас цæуы Бехъанæй Æрыдонмæ цæуæг фæндагыл. Рацарæзты фæстæ фæхуыздæр уыдзысты æдасдзинады мадзæлттæ дæр, стæй дзы уыцы-иу рæстæг уыдзæн фылдæр машинæтæн ацæуæн. Бындурон цалцæг райдайдзæн ацы аз уалдзæджы. Нысантæм гæсгæ трассæйыл сæвæрдзысты нырыккон æрмæг. Бæлвырддæр та асфальт æмæ бетоны хсæн æвæрд æрцæудзæн полимерон æрмæгæй хыз. Уый фадат ратдзæн уæлцъары хæрзхъæддзинадæн. 8 километры дæргъы фæндагыл сæвæрдзысты бырутæ. Уый фæрцы фæндаггон фыдбылызтæ фæкъаддæр уыдзысты, ома дзы машинæтæн кæрæдзиуыл скъуырыны бон нæ уыдзæн. Уымæй дарддæр ма баивдзысты æфсæйнаг быруйы 3 километры, трассæйы фæйæн фарсы. Рацараздзысты элеткрон рухсдæттæг телты 400 метры. Кæронбæттæны сæвæрдзысты рухсæздахæг фæндаггон нысантæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania