филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:35 суббота, 21 сентября 2024
20 ноября 2012, 09:57
Транскамы фæндагыл, Мызурмæ хæстæг доны ныххауд машинæ

Знон Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады радхæссæг хайадмæ чидæр æрбадзырдта, зæгъгæ Транскамы фæндагыл, Мызурмæ хæстæг доны ныххауд машинæ. Бынатмæ æвæстиатæй ацыд ирвæзынгæнджыты сæрмагонд къорд.

Знон Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады
радхæссæг хайадмæ чидæр æрбадзырдта, зæгъгæ Транскамы фæндагыл, Мызурмæ
хæстæг доны ныххауд машинæ. Бынатмæ æвæстиатæй ацыд

ирвæзынгæнджыты сæрмагонд къорд. Ныртæккæ дзы кусынц сгарæн-ирвæзынгæнæн
хайадтæ. Сæ хъусынгæнинагмæ гæсгæ, цæугæдон машинæ ахаста дарддæр.

Мызуры тъуннелмæ хæстæг ссардтой
нæлгоймаджы мард. Ирвæзынгæнджыты къорд æй архайы уырдыгæй сисыныл.
Машинæйы ма исчи бадт æви нæ уый бæрæггонд цæуы. Ссардтой дзы дыууæ
адæймаджы гæххæттытæ. Ныртæккæ ирвæзынгæнджытæ архайынц машинæ донæй
сисыныл, фæлæ цæугæдонмæ хæстæг электрон тыхы телтæ кæй ис, уый хъуыддаг
къуылымпы кæны. Бæлвырддæр хабæрттæ нын телефонæй радзырдтой
æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ.

Владимир Иванов, заместитель начальника
по поисково-спасательной работе МЧС РФ по РСО-Алания: «При обследовании
поймы р. Ардон спасатели МЧС обнаружили тело одного мужчины. В 23.20
работы были приостановлены. С утра их возобновили. По предворительным
данным в машине могли находиться 2 человека».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania