Транскамы фæндагыл Бехъанæй Æрыдонмæ уаццаг байгом кодтой бындурон цалцæджы фæстæ. Йæ дæргъ у 8 километры. Сцалцæг кодтой рацæуæнтæ, стæй ма фæндаг фæуæрæхдæр кодтой 4 рæнхъы онг. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Фæндаджы ног уæлцар, рухсгæнæнтæ, ныллæг бырутæ – бындурон цалцæджы фæстæ байгом Транскамы 8 километры дæргъæн фæндаг Бехъанæй Æрыдонмæ. Нæ республикæмæ цæуæг туристты нымæц фылдæрæй фылдæр кæй кæны, уымæ гæсгæ фæндаггон змæлд дæр фæтынгдæр. Ахæм уавæрты фæндагæн æнæ рацаразгæ нал уыд.
Уый у æдасдзинады мадзал. Дих кæны ныхмæ цæуæг хæдтулгæты, цæмæй кæрæдзийыл сæхи ма цæвой, уый тыххæй. Бехъанмæ хæстæг баивтой 400 метры электрон тыхы телтæ. Сæвæрттой 3 километры дæргъæн ныллæг бырутæ, ног фæндаггон нысантæ, цады былгæрæтты та – фидаргæнæн фæрæзтæ, цæмæй дон фæндагмæ ма ракæла, уый тыххæй. Фæндаджы уæлцъар конд у тынг хъæддых æрмæгæй – лыстæг хуырæй, асфальтæй æмæ бетонæй. Цæмæй йæ хæрзхъæддзинад æмæ хуыз ма аивой, уый тыххæй йын йæ астæу сæвæрдтой сæрмагонд хыз.
Фæндаджы уæлцъарæн йæ хæрзхъæддзинад хъуамæ 4 азмæ ма аива. Уыцы рæстæгмæ йын йæ уавæрæн дзуапп дæтдзæн, фæндаг чи сарæзтæ, уыцы куыстуат.




