филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:05 воскресенье, 01 февраля 2026
05 апреля 2023, 13:46
Транспорты комитет æнææхæстбарджын æхсæнад «Октябрьскæйæн» байста йæ бæлццæттæласыны барты æвдисæндар

Уый размæ компанийы аххосæй 163 шофыры баззадысты æнæ куыстæй, Беслæнæй Дзæджыхъæумæ маршрутыл та сæвзæрд уæззау уавæр

Транспорты комитет æнææхæстбарджын æхсæнад «Октябрьскæйæн» байста йæ бæлццæттæласыны барты æвдисæндар. Уый размæ компанийы аххосæй 163 шофыры баззадысты æнæ куыстæй, Беслæнæй Дзæджыхъæумæ маршрутыл та сæвзæрд уæззау уавæр — фехъусын кодта Солиты Тариель. Профилон комитеты разамонæг куыд загъта, афтæмæй бæлццæттæласæг куыста фондз маршрутыл Беслæнмæ, Сунжæмæ, Октябрьскæмæ, Дыгуры æмæ Æрæфы районтæм. Компанийы разамынд куы аивта, уæд дзы райдыдтой къуылымпыдзинæдтæ.  А-дыууæ боны комитет расиддзæнис конкурс, цæмæй хæстæгдæр 6 азæн бæлццæттæласæг компани сбæрæг кæной, уымæн. Фæстæдæр та равзардзысты, æдзухдæр чи кусдзæн, ахæм организаци.  Уæдмæ та уал маршрутыл кусдзæн автоколоннæ 1210-ы транспорт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania