Уавæрæй тыхсынц шофыртæ, бæлццæттæ, стæй хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ
Къуырийы райдиан Сергей Меняйло фехъусын кодта, цæмæй нæ республикæйы территоримæ уæзласæн машинæты цыд рæстæгмæ уырæд æрцæуа. Уымæн æмæ сæрмагонд æрлæууæн бынæттæ байдзаг сты. Транзитон транспорт æрæмбырд Уæллаг Ларсы уадзæн пункты раз. Аххосæгтæ сты алыхуызон. Иуæй туристты нымæц фæфылдæр, сезонмæ гæсгæ. Иннæмæй та – Гуырдзыйы рдыгæй цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Уавæрæй тыхсынц шофыртæ, бæлццæттæ, стæй хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ. Бæстондæр – Хъайтмазтæ Дзерассæйы сюжеты.
Алыварс рыг æмæ артаджы хауæццаг газты тæф, хъæуккаг сабырдзинады бæсты та уæзласæн машинæты уынæр. Ахæм уавæр Ног Бæтæхъойыхъæуы фыццаг бон нæй. Цæрджытæ тæрсынц, уавæр ахæмæй кæй баззайдзæн, æмæ сæ фæндаг транзитон транспортимæ дих кæнын кæй бахъæудзæн, уымæй.
Алы хъуыддаг бæттынц цалдæр аххосагимæ. Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, уыдонæй иу у, цæрæн хæдзæрттæм хæстæг, хоры хæрзхъæддзинадæн аргъ кæныны лаборатори кæй ис, уый. Раздæр, уæзласæн машинæтæ кæй ласынц, уыцы продукцийы хуызæг истой трассæйыл, ныр машинæтæ æрбацæуынц сæрмагонд бынатмæ.
Фæлæ уæзласæн машинæтæ уынгты лабораторийы тыххæй не *мбырд кæнынц, зæгъынц хоры хæрзхъæддзинадæн аргъ кæныны центры. Процедурæ чысыл рæстæг ахсы, æмæ машинæтæ ам бирæ нæ фæлæууынц.
Фæлæ фæндаджы кæрæтты лæууынæй фæстæмæ, ныртæккæ уæзласæн машинæтæн æндæр гæнæн нæй. Гуырдзыйырдыгæй цалцæггæнæн куыстытæ кæй цæуынц, уымæ гæсгæ уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ыл ныр ацæуæн зын у. Сæвзæрд стыр рад.
Уавæрмæ цæст дарынц Цæгат Ирыстоны фæндаггон змæлд æххæст кæныны центры дæр. Республикæйы транзитон транспорт кæй æмбырд кæны, уымæ гæсгæ сæрмагонд æрлæууæнты бынат нæй. Ныртæккæ се *ппæт дæр дзаг сты.
Ацы уавæры шофыртæн дæр, æмæ бынæттон цæрджытæн дæр ис æрмæст иу гæнæн – æнхъæлмæ кæсын.




