филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:14 суббота, 28 сентября 2024
10 февраля 2021, 12:42
Трассæ Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны, баззад ма дзы аивгæнæн куыстытæ бакæнын

Хицæн уаццæгтыл сæвæрдтой хурæй кусгæ рухсгæнæнтæ

Фæндаг нæма байгом кодтой, фæлæ йæ коймæ дæр адæм цин кæнынц. Трассæ Хурыхъæу – Малгобек – Мæздæджы арæзтад кæронмæ фæхæццæ кæны, баззад ма дзы аивгæнæн куыстытæ бакæнын. Хицæн уаццæгтыл сæвæрдтой хурæй кусгæ рухсгæнæнтæ. Бынæттон цæрджыты уырны, ног фæндаг сын сæ цард кæй аивдзæн, уый.

Федералон трассæ «Кавказ»-ы 542-æм километр. Ардыгæй, Зилгæйы раз райдайы ног фæндаг æмæ фæвæййы Мæздæджы районы Сухотскийы хъæуы цур.

Бынæттон цæрджытæ фæндаджы цалцæгыл тынг цин кæнынц. Засеты Валерий зæгъы, нырæй фæстæмæ сæ Дзæуджыхъæумæ бирæ рæстæг цæуын нал хъæудзæн. Æмтгæй райсгæйæ, сахат къаддæр. Уымæй дарддæр ма йæхæстæджытæм Зæронд Бæтæхъойыхъæумæ дæр арæхдæр цæуæн уыдзæн.

100 километры трассæйыл Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ фæндаггон кусджытæ рацарæзтой 58 километры уаццаг. Ацы фæндаг хауы æртыккаг категоримæ. Ис дзы дыууæ фарсы, алкæцы дæр фæйнæ 3 метры æмæ рдæг. Фæндагæн уыдзæн регионты хсæн объекты нысаниуæг дæр – зæгъынц фæндæгты хæдзарады Комитеты. Транспортон æмæ экономикон хæрдзтæ фæкъаддæр уыдзысты – уый иу, фæлæ ма фадат ратдзæн Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы фæндаджы скæсæйнаг хайы цыд банывыл кæнынæн Фæскавказмæ Арвы комы фæндаджы уылты.

Абоны онг фæндагыл фæзындысты аразгæ конструкцитæ – 3 хиды, быцæугæнæн къултæ. Бафидар кодтой фæндаджы фæрстæ дæр. Афтæмæй дзы тæссаг нал уыдзæн донивылдтытæй æмæ ламидæттæй. Тæссагдæр уаццагты та сæвæрдтой бырутæ æмæ дондзæуæнтæ. Уый дæр – фæндаггон змæлды æдасдзинады тыххæй. 

Æппæт ацы куыстытæ бакодтой афæдз æмæ рдæгмæ. Баззад ма лыстæг хъуыддæгтæ

Спайда кодтой нырыккон технологитæй дæр. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм Зæронд Бæтæхъойыхъæуы раз æрлæууæны фистæгæйцæуджытæн фæндаг. Ифтонггонд æрцыди хурæй кусгæ батареятæй. Бонæй энерги æмбырд кæндзысты, æмæ дзы рацæуы электрон тых, аккумулятор сифтонг вæййы, æмæ æхсæвы рухс кæны фистæгæйцæуджыты фæндæгтæ. Ныртæккæ ма фæндæгты хæдзарады Комитеты ныхас цæуы трассæ æххæстæй рухсгæнæнтæй сифтонг кæныныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania