Номарæн нысан бакодтой лейтенант кæм цард, уыцы хæдзары къулыл
Мæздæджы районы Троицкæйы байгом кодтой мемориалон фæйнæг ротæйы командæгæджы хæдивæг Вадим Давыдовæн. Номарæн нысан бакодтой лейтенант кæм цард, уыцы хæдзары къулыл. Æрыгон лæппу хъæбатырæй фæмард 6 мæйы размæ Украинæйы йе æфсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. Мадзалы архайдтой районы, горæты æмæ хъæуы администрацийы минæвæрттæ, дины кусджытæ, депутаттæ, хæстонтæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ æвзонг æфсæддонтæ. Раарфæ кодтой Вадим Давыдовы ныййарджытæн, ахæм фырт кæй схъомыл кодтой, уый фæдыл. Хъæуы цæрджытæ радзырдтой, Вадим куыд рæзти, цавæр адæймаг уыдис, уый тыххæй. Хъæбатыры ном æрхъуыды кодтой минут æдзæмæй алæугæйæ. Кæронбæттæны мадзалы архайджытæ сæвæрдтой дидинджытæ мемориалон фæйнæджы цур.




