филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:18 вторник, 16 декабря 2025
11 февраля 2014, 17:29
Троицкийыл 200 азæй фылдæр цæуы

Фæлæ дзы аргъуан никуы уыд.

Станицæйы фылдæр цæрынц хъазахъхъæгтæ. Иууылдæр сты уырнæг адæм. Æмæ сын 2010 азы аргъуан аразын куы райдыдтой, уæд йæ амайынмæ бавнæлдтой дысвæлдæхтæй æмæ йæ схæццæ кодтой дыккаг уæладзыгмæ. Иумæ та сæ æрæмбырд кодта Геннадий Никонов. Уый размæ арæзта Успейнаг аргъуантæ Мæздæджы æмæ Терскийы станицæйы.

Троицкийыл 200 азæй фылдæр цæуы. Фæлæ дзы аргъуан никуы уыд.

Станицæйы фылдæр цæрынц хъазахъхъæгтæ. Иууылдæр сты уырнæг адæм. Æмæ сын 2010 азы аргъуан аразын куы райдыдтой, уæд йæ амайынмæ бавнæлдтой дысвæлдæхтæй æмæ йæ схæццæ кодтой дыккаг уæладзыгмæ. Иумæ та сæ æрæмбырд кодта Геннадий Никонов. Уый размæ арæзта Успейнаг аргъуантæ Мæздæджы æмæ Терскийы станицæйы.

Проектмæ гæсгæ аргъуаны уыдзæн 3 куполы, æвæрд дзы æрцæудзæн дзæнгæрæг дæр.

Сылгоймæгтæ дæр сæхи нæ аиуварс кодтой æмæ базылдысты бæстыхаймæ. Саив æй кодтой. Дзуæртты нывтæ барæсугъд кодтой сæхи хуыд æмбæрзæнтæй. Архиепископ Зосимæ дзы фарон ноябры саргъуыдта æмæ йæм уæдæй фæстæмæ цæуынц адæм.

Хуыцаубоны та дзы къах æрæвæрæн дæр нæ вæййы. Уæлдай æхсызгондæр сын у, фæсивæд сæ фарсмæ кæй вæййы, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania