Хуыздæрыл нымад æрцыд Уæрæсейы фыццаг кубокы ерысты хæцæнгарзæй æхсынæй. Уый размæ та ма, декабры фыццаг бынат бацахста Уæрæсейы кубокы финалы ерысты.

Къухты бæлвырд айст, раст лæууын æмæ хиуыл хæцын. Стæй уæд мысан акъуырын. Хæцæнгарзимæ архайыны сусæгдзинæдтæ нын бацамыдта Уæрæсейы дыууæ хатты чемпион Елбайты Анзор. Йæ зонындзинæдтæ не `вгъау кæны, ацы спорты чи архайы, уыцы фæсивæдæн. Абон Елбайты Анзорæн нæй æмсæр спортсментæ нæ республикæйы, нæ Цæгат Кавказы. Профессоналон æгъдауæй хæцæнгарзæй æхсын Анзор райдыдта 8 азы размæ. Кæддæр, сывæллон уæвгæйæ цы спорт бауарзта, ууыл абон дæр йæ зæрдæ не `сивта.
Елбайты Анзор, Уæрæсейы дыууæ хатты чемпион, Цæгат Кавказы чемпион хæцæнгарзæй æхсынæй: «Адреналин, драйв, экстрим. Бирæ алыхуызон æнкъарæнтæ мæм сæвзæрын кæны ацы спорт. Уæлдайдæр та хæцæнгарзимæ архайын дын æнцон куы уа, алы æхстыл архайгæйæ дын мысан акъуырын æнцон куы уа, уæд. Райсын стыр æхсызгондзинад».
Æрæджы Елбайты Анзор ссыд Тольяттийæ. Уым архайдта Уæрæсейы фыццаг кубокы ерысы æмæ рамбылдта сызгъæрин майдан. Хæцæнгарзæй æхсыны спорты мастер куыд зæгъы, афтæмæй ацы хъуыддаг хъуамæ зонгæ уа алы нæлгоймагæн дæр. Ныртæккæ Анзор йæ зонынзинæдтæ дæтты спортментæн. Уыдон ныридæгæн сты республикæйы хæцæнгарзæй æхсыны федерацийы уæнгтæ, æппынæдзух фæцæуынц ерыстæм, бацахсынц фыццаг бынæттæ.
Хъамбегаты Тимур, æхсæг: «Цыдæриддæр зоны, уыдон нын амоны. Йæ ныфс алцæмæдæр хæссы, зивæг ницæмæ кæны. Бирæ хæттыты йæ хабæрттæ ныууадзы æмæ йæм куы бадзурай, мæ зæрды ис абон тренировкæ скæнын, уæд йæ хабæрттæ ныууадзы».
Спортсмены æппынæдзух хъæуы йæхиуыл кусын, тренировкæтæ кæнын, дæсныйадæвдисæг ахуыртæм цæуын æмæ ерысты архайын. Æрмæст ын уæд уыдзæн профессионалон спортивон рæзт. 4 мæйы фæстæ Америкæйы, Флоридæйы уыдзæн дунейы чемпионат. Ныртæккæ Елбайты Анзор йæхи цæттæ кæны уым архайынмæ. Алы къæпхæнмæ дæр, цыма мысан акъуыры, афтæ æнцонæй схизы. Уымæ гæсгæ та ацы æнтыстдзинад дæр йæ къухы хъуамæ бафта.
Гугкаты Иринæ
