филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:40 среда, 17 декабря 2025
13 ноября 2012, 15:50
Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыд УФ-йы хъæууон хæдзарады министр Николай Федоров

Бабæрæг кодта Беслæны мемориалон уæлмæрд, дидинджытæ сæвæрдта теракты амæттæгты номыл цырддзæвæнмæ. Уый фæстæ делегаци ацыд Алагиры районмæ, сæрмагондæй агрохолдинг «Мастер прайм Березкæ»-йы куыст сбæрæг кæныны тыххæй.

Бабæрæг кодта Беслæны мемориалон уæлмæрд, дидинджытæ сæвæрдта теракты
амæттæгты номыл цырддзæвæнмæ. Уый фæстæ делегаци ацыд Алагиры районмæ,
сæрмагондæй агрохолдинг

«Мастер прайм Березкæ»-йы куыст сбæрæг кæныны тыххæй. Республикæйы
сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразимæ министр æркаст республикæйы егъаудæр
куыстуаты архайдмæ. Базонгæ æппæт технологитимæ. Уæлдай цымыдисагдæр та
йын уыд бакæсын, дзидза æмæ æхсыры куыст кæм кæнынц, уыцы цехты куыстмæ.
Ам комплексы бæрнон кусæг сарæзта æмбырд дæр. Ныхас дзы цыд,
республикæйы дзидза æмæ æхсыры куыст чи кæны, уыцы куыстуæтты райрæзтыл.
Агрокомплексы разамонæг æмæ Мæздæджы районы колхоз «Украинæ»-йы сæрдар
министры базонгæ кодтой, фидæнмæ сæм цы нысантæ ис, уыимæ. Хъæууон
хæдзарады хуыздæр кусджыты министр схорзæхджын кодта паддзахадон
хæрзиуджытæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania