филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:01 понедельник, 15 декабря 2025
01 июля 2014, 17:08
Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыди Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев

Бабæрæг кодта центр «Баспик» æмæ IT-парк «Алания». Хицауады сæдар йæхæдæг федта интернет-уæлæмхасæн фæрæзтæ «Адæмон цæстдард» æмæ «Гом горæт» куыд кусынц, уый.

73223
Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыди Уæрæсейы премьер-министр Дмитрий Медведев. Бабæрæг кодта центр «Баспик» æмæ IT-парк «Алания». Хицауады сæдар йæхæдæг федта интернет-уæлæмхасæн фæрæзтæ «Адæмон цæстдард» æмæ «Гом горæт» куыд кусынц, уый. Дмитрий Медведев разый баззад проектты куыстæй. Уый фæстæ Хицауады сæрдар фембæлд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймуразимæ. Æмæ куыд бафиппайдта, афтæмæй технопарчы куыст у ахадгæ. Нæ республикæйы экономикон фарстатыл дзургæйæ та загъта, алы регионæн дæр йæхи уавæртæм гæсгæ кусын кæй хъæуы. Ныхас ма цыд социалон къабазыл дæр. Мамсыраты Таймураз куыд загъта, афтæмæй сæйрагдæр фарстатæй иу у -сывæллæтты рæвдауæндæттæм радтæ фæкъаддæр кæнын. Зардæ дарæн ис 2016-æм азмæ уавæр зынгæ кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл. Стыр æргом аздæхтой медицинон фарстатæм дæр. Уымæй дарддæр Цæгат Ирыстоны бюджеты фылдæр хай ацæуы социалон къабæзтыл. Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй ацы фарстатæ актуалон сты æппæт регионтæн дæр. Уæлææмхасæн фæрæзтæ дихгонд цæудзысты, фæлæ республикæйы бюджетмæ хъæуы лæмбынæгдæр цæст дарын. Фæстæдæр Дмитрий Медведев разамынд лæвæрдта Цæгат Кавказы райрæзты фæдыл æмбырдæн. Ныхас цыд Цæгат Кавказы Федералон зылды паддзахадон промышленнон политикæ куыд æххæстгонд цæуы, ууыл, стæй кадртæ цæттæ кæныны фарстатыл. 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania