филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:15 среда, 25 июня 2025
07 февраля 2013, 14:11
Цæгат Ирыстонмæ ногæй ссыдысты мæскуыйаг дохтыртæ

Цæгат Ирыстонмæ ногæй ссыдысты мæскуыйаг дохтыртæ. Ацы хатт кардиологтæ. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны бæрæг кодтой, йæ зæрдæ кæй хъыгдары, уыцы сабиты уавæр.

Цæгат Ирыстонмæ ногæй ссыдысты мæскуыйаг дохтыртæ. Ацы хатт кардиологтæ. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны бæрæг кодтой, йæ зæрдæ кæй хъыгдары, уыцы сабиты уавæр.

Елойты Алинæйыл цæуы 7 мæйы. Цалдæр боны йыл куы цыд, уæд йæ зæрдæ йæ куыстæй ныллæууыд. Дохтыртæ загътой, сывæллонæн йæ зæрдæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ кусы, æмæ уый æвзæрырдæм кæй ахады йе нæниздзинадыл. Уæдæй фæстæмæ йæ йæ мад æдзухдæр кæны дохтыртæм.

Елойты Светланæ: «Мæскуыйаг дохтыртæм консультацийы уыдтæн æмæ тынг райгонд дæн, баххуыс мын кодтой. Ногдзинæдтæ мын бацамыдтой, æмæ тынг райгонд дæн. Кардиолог нын зыгъта, физикон æгъдауæй, зондыахаст æмæ йæ зæрдæмæ гæсгæ у тынг хорз, куыд уыдис, уыимæ абаргæйæ».

Йæ зæрдæ кæй хъыгдары, уыцы сывæллæтты уавæрмæ æркæсын, цæгатирыстойнаг дохтыртæн хъæугæ рекомендацитæ æмæ консультацитæ раттын. Уый тыххæй нæ республикæмæ ссыдысты Мæскуыйы сывæллæтты хирургийы æмæ педиатрийы наукон-иртасæн институты кардиологтæ. Сты æртæйæ. Цæгат Ирыстоны дохтыртæ разы сты, се *мкусджытимæ фембæлыны фадат сын кæй фæцис, уымæй. Ацы медицинон балц арæзт æрцыд, Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны минæварады хъæппæрисæй.

Золойты Анжеликæ, Дыгуры районы рынчындоны педиатр: «Тынг бирæ сывæллæттæ нæм ис, зæрдæйы низтæ кæмæ ис. Æмæ уый тынг хорз хъуыддаг у, кæй нæм æрцæуынц Мæскуыйæ дохтыртæ. Нæ куыст нын æнцондæр кæнынц. Тынг хорз консультацитæ скæнынц, æмæ сын арфæ кæнæм».

Гæххæттытæм гæсгæ дохтыртæ хъуамæ федтаиккой 70 сывæллоны. Фæлæ æркастмæ бахауын кæй фæндыд, уыдон уыдысты дзæвгар фылдæр. Мæскуыйаг дохтыртæ æнæ медицинон æххуысæй иу сабийы дæр нæ ныууагътой.

Фароны февралæй фæстæмæ мæскуыйаг дохтыртæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты ныр æвдæм хатт. Уыцы рæстæгмæ консультатцитæ райстой мин сывæллонæй фылдæр. 40-æй æрвыст æрцыдысты Мæскуыйы рынчындæттæм.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania