филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:34 суббота, 21 сентября 2024
03 декабря 2012, 09:44
Цæгат Ирыстонмæ сластой сыгъдæг Мадымайрæмы уæлæдарæсы иу хай

Республикæйы цæрджытæн сæ бон у, Чырыстон дины стыр кад кæмæн ис, уыцы хорзæхыл бандзæвын.

Езеты Зинаидæ Ильинаг аргъуанмæ арæх æрбацæуы.

Республикæйы цæрджытæн сæ бон у, Чырыстон дины стыр кад кæмæн ис, уыцы хорзæхыл бандзæвын.

Езеты Зинаидæ Ильинаг аргъуанмæ арæх
æрбацæуы. Ацы хатт да уæлдай æхсызгонæй кувы Хуыцаумæ, уымæн æмæ
бандзæвыд Сыгъдæг Мадымайрæмы уæлæдарæсы хаймæ. Цæгат Ирыстоны ацы
хорзæх ис фыццаг хатт. Алы кувæг адæймагæн дæр уый стыр цау у, зæгъы
Зинаидæ.

Езеты Зинаидæ, кувæг адæймаг: «Мæнæ ацы
бон у Хуыцауы лæвар. Æмæйын Табу, кæй нын æххуыс кæны, Ирсытоны адæм
цæмæй ææуæндой, цæмæй кувой æмæ нын æххуыс кæна. Æз дæр кувæг адæймаг
дæн æмæ мæнæн ацы бон у стыр лæвар. Фæнды мæ, цæмæй Ирыстоны адæм
æрбацæуой æмæ бакувой, æмæ нын баххуыс кæна».

Ныртæккæ Сыгъдæг Мадымайрæмы уæлæдарæсы
хæйттæ сты алы рæтты – Мæскуыйы Успенаг аргъуаны, Сыгъдæг Иоанны
Лютерайнаг аргъуаны Римы, стæй Мадымайрæмы аргъуаны Францы. Иу хай та у,
дунейы алы рæттæм кæй аласынц, уый. Цæмæй чырыстон диныл хæст адæмæн
фадат уа уыцы хархæхы цур бакувынæн.

Берозты Иофис, иеромонах: «Уыцы
сæрæмбæрзæн Мады Майрæм ныккодта, йæ фырт Есо Чырысти куы райгуырд, уæд –
дыккаг бон. Æмæ уыцы сæрыдарæс сты æххуыс кæнæг у алы чырыстонæн. Æмæ
абон Мады Майрæмы уæлæдарæс ам ис, æмæ йæм хъуамæ скувæм».

Сыгъдæг Мадымайрæмы уæлæдарæсы хæйы цур
кувгæйæ, адæм арæхдæр фæкурынц, бинонтæн амондджын æмæ æнæниз цард, цот
кæмæн нæй, уыцы бинонты куыд фæзына сывæллæттæ æмæ ма æндæр хæрзтæ.
Уæвгæ, Цæгат Ирыстонмæ чырыстоны дины хорзæхтæй иу сластой Волгограды
епархийæ.

Сыгъдæг Мадымайрæмы уæлæдарæсы хай Цæгат
Ирыстоны уыдзæн 2 къуырийы. Уыцы рæстæг алы бон дæр Ильинаг аргъуаны
цæудзæн аргъуыдтытæ. Республикæйы цæрджытæн сæ бон у, Чырыстон дины стыр
кад кæмæн ис, уыцы хорзæхыл бандзæвын.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania