филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:04 воскресенье, 01 февраля 2026
06 декабря 2012, 15:05
Цæгат Ирыстонмæ ссыд Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу

Йæ кусæг балц райдыдта Хъыджы Бæласы цур дидинджытæ сæвæрынæй. Уый фæстæ министр æхгæд æмбырд сарæзта 58-æм æфсадимæ. Бабæрæг кодта хъахъхъæнынады министрады цалдæр объекты. Равдыстой йын ныртæккæ арæзт чи цæуы, уыцы æфсæддон горæт «Весна».

Йæ кусæг балц райдыдта Хъыджы Бæласы цур дидинджытæ сæвæрынæй. Уый фæстæ
министр æхгæд æмбырд сарæзта 58-æм æфсадимæ. Бабæрæг кодта
хъахъхъæнынады министрады цалдæр объекты.

Равдыстой йын ныртæккæ арæзт чи цæуы, уыцы æфсæддон горæт «Весна».
Фыццаг 100 фатеры æрцæрдзысты уалдзæджы. Проектмæ гæсгæ та дзы уыдзæн
мин фатерæй фылдæр, æдæппæтæй – 9 корпусы. Се ппæт дæр æрцæудзысты
цалцæггонд, сифтонг сæ кæндзысты хæдзары хъæугæ дзаумæттæй. Фæстæдæр
Сергей Шойгу бабæрæг кодта 19-æм фистæгæфсæддон бригад дæр. Равдыстой
йын æфсæддон ног техникæ æмæ хæцæнгæрзтæ. Бакаст æфсæддонты
цæттæдзинадмæ, æмæ бригады уавæртæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania