17 июня 2014, 17:25
Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыд акци «Скæн хорздзинад»
Акцийы фарс рахæцыд æхсæнадон организаци «Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты иугонд» дæр. Акци райдыдта майы. Уæд арæзт уыд сывæллæтты хъахъхъæныны боны кадæн.
Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыд акци «Скæн хорздзинад».
Акцийы фарс рахæцыд æхсæнадон организаци «Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты иугонд» дæр. Акци райдыдта майы. Уæд арæзт уыд сывæллæтты хъахъхъæныны боны кадæн.
Алкæйы бон дæр дзы у фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн баххуыс кæнын. Разæнгардæй дзы архайдтой РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг управлени, республикæйы æппæт зынгхуыссынгæнæн хайæдтæ. Адæм дæр нæ аиуварс кодтой сæхи æмæ йæ бон кæмæн куыд уыд, афтæ баххуыс кодтой. Хæдзары дзаумæттæ, хъазæнтæ, уæлæ- æмæ къахыдарæс, чингуытæ, адджинæгтæ.
Ацы хатт акцийы цы рæмбырд кодтой, уыдонæй баххуыс кодтой 30 бинонтæн. Нырма уал лæвæрттæ байуæрстой, Дзæуджыхъæуы чи цæры, уыдонæн. Хæстæгдæр бонты сæ сæмбæлын кæндзысты хъæуты цæрджытæн.

темæмæ гæсгæ