филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:47 вторник, 05 августа 2025
31 октября 2013, 11:21
Цæгат Ирыстоны æрдзхъахъхъæныны комитеты уыд тымбыл стъол

Ныхас цыд донсыгъдæггæнæн куыстуæттыл.

Куыд загътой, афтæмæй ацы фарста æвæрд æрцыди карзæй. Цæугæдæттæ быроны бын фесты, спъиртуадзæн заводтæ сæм цы æппарæнтæ калынц, уыдон та сын ноджы стырдæр зиан хæссынц, уæлдайдæр, бардæ. Докладгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы донсыгъдæггæнæнты куыст æмбæлгæ уыгыл нæу.

Цæгат Ирыстоны æрдзхъахъхъæныны комитеты уыд тымбыл стъол. Ныхас цыд донсыгъдæггæнæн куыстуæттыл.

Куыд загътой, афтæмæй ацы фарста æвæрд æрцыди карзæй. Цæугæдæттæ быроны бын фесты, спъиртуадзæн заводтæ сæм цы æппарæнтæ калынц, уыдон та сын ноджы стырдæр зиан хæссынц, уæлдайдæр, бардæ. Докладгæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, республикæйы донсыгъдæггæнæнты куыст æмбæлгæ уыгыл нæу. Дон куыд сыгъдæг кæнынц, уый нормæтæн дзуапп нæ дæтты. Уымæн æмæ кусæнгæрзтæ базæронд сты. Се сцалцæг кæнынæн, уæлдайдæр та сæ баивынæн æхца нæй. Тымбыл стъолы архайджытæ бахастой ахæм фæндон – дон чи чъизи кæны, уыцы куыстуæттæ сæхæдæг дзуапп дæттæнт йæ сыгъдæгдзинадæн. Сæхæдæг æлхæнæнт донсыгъдæггæнæн кусæнгæрзтæ æмæ цæугæдæттæм уадзæнт æрмæстдæр сыгъдæг дон. Сæ хъуыдымæ гæсгæ сæм хъуамæ сæ цæст дарой барадхъахъхъæнæг æмæ бæрæггæнæг оргæнтæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania