Уæрæсейы информацион агентады бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстон нæ бæстæйы æстай дыууæ субъекты `хсæн хорз бынат нæ ахсы.
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хъæппæрисæй арæзт æрцыд тымбыл стъол. Ныхас дзы цыд ацы æрфарсты хатдзæгтыл. Æмбырды архайдтой министртæ, журналисттæ æмæ Цæгат Кавказы фарстаты эксперт Сергей Хайкин. Рейтингы цы æвдыст цæуы, уымæ гæсгæ йе фтиæгтæй Цæгат Ирыстон ис цыппор фарæстæм бынаты. Æдасдзинады фарстаты – фæндзай фæндзæмы, цæрыны уавæртæй та цыппор цыппæрæм бынаты. Экологон сыгъдæгдзинадæй нæ республикæ ахсы цыппæрæм бынат. Фæлæ сæ цæрыны уавæртæй бирæтæ разы не сты. Министртæ та æрдзырдтой сæхи ведомствоты куысты хатдзæгтыл. Сергей Хайкин куыд загъта, афтæмæй стыр æргом аздахын хъæуы æнæниздзинадхъахъхъæнынадмæ æмæ адæмы социалон бартæ хъахъхъæнынмæ.